Хуссар Иры Ӕвзонг техникты станц хоны гом дуӕртты бонмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянӔвзонг техникты станц
Ӕвзонг техникты станц - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2021
Рафыссын
Мадзал ацӕудзӕн 6 сентябры Ногдзауты парчы, ног ахуыры азы бӕрӕгбоны фӕстӕ скъоладзаутӕн фадат уыдзӕн равзарын сӕхицӕн ӕрмдӕсныйады кружок
ЦХИНВАЛ, 1 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ӕвзонг техникты станц хоны гом дуӕрттӕ бонмӕ -  мадзалы фенӕн уыдзӕн ахуырдзауты куыстыты равдыст ӕмӕ ахуыргӕнджыты мастер-класстӕ, фехъусын кодта Sputnik уагдоны директор Калаты Нариман.
Ӕвзонг техникты станц  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Цхинвалы ӕвзонг техникты станц ауадздзӕн мастер-класстӕ Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон
Гом дууӕртты бон ацӕудзӕн Ӕвзонг техникты станцы раз, Ногдзауты парчы 6 сентябры. 
"Нӕ нысан у равдисын, цы кружоктӕ кусынц Ӕвзонг техникты станцы, цӕмӕй скъоладзаутӕ феной нӕ фадӕттӕ. Нӕ ахуырдзауты куыстытӕ рахӕсдзыстӕм равдыстмӕ, ахуыргӕнджытӕ та дӕтдзысты мастер-класстӕ, сӕ мигӕнӕнтӕ дӕр рахӕсдзысты кӕртмӕ",- загъта директор.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, скъоладзаутӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕн фадат уыдзӕн равзарын ӕрмдӕсныйады кружок. Мадзал райдайдзӕн 11 сахатыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0