Беслӕны райдыдта ӕртӕбонон вахтӕ 2004 азы теракты амӕттӕгты мысӕнӕн

© Sputnik / Анна КабисоваБеслӕн
Беслӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2021
Рафыссын
Уӕрӕсейы историйы егъаудӕр теракты амӕттӕгтӕ баисты 334 адӕймаджы, уыдонӕй 186 уыдысты сывӕллӕттӕ
ЦХИНВАЛ, 1 сен - Sputnik. Цӕгат Ирыстоны райдыдта ӕртӕбонон вахтӕ Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы террористон акты амӕттӕгты мысӕнӕн. Регионы сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фыдохы церемони райдыдта ӕртыццӕджы скъолайон дзӕнгӕрӕгӕй. Фыдохы музӕкӕмӕ ацӕудзӕн дидинтӕ сӕвӕрын, ссудздзысты цырӕгътӕ.
Беслæн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2021
Беслæны фæзындзæн терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон центр
Сихорӕй фӕстӕмӕ ацӕудзӕн теракты зианбаййафджыты пресс-конференци. Уый фӕстӕ та акци "Спасатели и спасенные", кӕцыйы фӕлгӕтты ратдзысты зӕрдылдарӕн майдантӕ "Спасибо за жизнь" сывӕллӕтты ирвӕзынгӕнджытӕн, дохтыртӕн ӕмӕ социалон кусджытӕн, кӕцытӕ хос кодтой ӕмӕ уагътой реабилитаци фӕцӕфуӕвджытӕн. Изӕры скъолайы кӕрты ссудздзысты цырӕгътӕ. Цыппӕрӕмы адарддӕр уыдзӕн дидинтӕ сӕвӕрыны церемони.
Майрӕмбоны, 3 сентябры, скъолайы ацӕудзӕн Хуыцаумӕ скуывд ӕмӕ фыдохы церемони. Фӕмардуӕвджыты рухс ном ссардзысты иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ, скъоладзаутӕ та суадздзысты уӕларвмӕ тымбылӕгтӕ. Уыцы бон ма адӕм рацӕудзысты фӕмардуӕвджыты къамтимӕ. Мемориалон комплекс "Город ангелов"-ы сӕвӕрдзысты дидинтӕ ӕмӕ веноктӕ "Древо скорби" цыртмӕ ӕмӕ фӕмардуӕвджыты ингӕнтӕм. Изӕры скъолайы кӕрты ногӕй ссудздзысты цырӕгътӕ.
2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой амынӕты 1128 адӕймаджы. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕн 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.
Ног хабӕртты лентӕ
0