Дзауы районы хъӕутӕм сӕндидзын кодтой фӕндагон бастдзинад тӕрккъӕвдайы фӕстӕ

© Пресс-служба президента РЮОДзауы район
Дзауы район - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.09.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕмӕ Транскамыл дыууӕ бон уары тӕрккъӕвда, йӕ фӕстиуӕгӕн ӕрцыд цъыфы зӕйтӕ, фӕласта фӕндӕгтӕ
ЦХИНВАЛ, 3 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕппӕт хъӕутӕм дӕр сӕндидзын кодтой фӕндагон бастдзинад, фехъусын кодта Sputnik районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады хистӕр Цхуырбаты Тамерлан.
Сыба - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.09.2021
Хуссар Иры цъыфы зæй алыг кодта фæндагон бастдзинад Сыбайы хъæуимæ
Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ӕмӕ Транскамыл дыууӕ бон уары тӕрккъӕвда, йӕ фӕстиуӕгӕн ӕрцыд цъыфы зӕйтӕ, фӕласта фӕндӕгтӕ.
"Къӕвда ныр дӕр уары. Районы разамынды хӕслӕвӕрдтӕ гӕсгӕ Згъубиры фӕндаг, кӕцы кӕны Сыбайы хъӕумӕ дӕр, расыгъдӕг кодтой. Фӕндагон бастдзинад фӕзынд, фӕлӕ нырма нывыл арӕзт нӕу, уымӕ гӕсгӕ иу бригадӕ уым баззад кусгӕйӕ", - загъта Цхуырбаты Тамерлан.
Уый ма бафиппайдта, тӕрккъӕвда ӕрмӕст Згъуыбиры фӕндаг кӕй нӕ бахъыгдардта, ӕнгӕс проблемӕтӕ фӕзындысты поселочы, Хъемулта, Стырфӕз, Хслеб ӕмӕ Сачърейы хъӕуты дӕр.
"Фӕлӕ дысон се 'ппӕтмӕ дӕр уыд бацӕуӕн", - загъта ЦКХ хистӕр ӕмӕ бафтыдта, ныртӕккӕ дӕр фӕндӕгтыл кӕй кусынц ӕртӕ къорды.
Ног хабӕртты лентӕ
0