Хуссар Иры столицӕйы дӕс хъӕуимӕ сбӕтдзӕн сосӕ фӕндаг

© Sputnik / Руслан ТадтаевМугут
Мугут - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.09.2021
Рафыссын
Арӕзтадон куыстытӕ ӕххӕст цӕуынц паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолийы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, кӕцымӕ уымӕй размӕ бахатыдысты хъӕуты цӕрӕг адӕм
ЦХИНВАЛ, 3 сен – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районты Принеу, Уелит ӕмӕ Зиулеты хъӕутӕм арӕзт цӕуы асфальт фӕндаг. Ӕртӕ хъӕуимӕ иумӕ ма хӕрзвадат фӕндагон бастдзинад столицӕйы сбӕтдзӕн ӕдӕппӕт 10 цӕрӕн пунктмӕ, фехъусын кодта Sputnik республикон паддзахадон унитарон куыстуат "Дорэкспострой"-йы генералон директор Мӕхъиты Семен.
Уымӕй размӕ уагдон ӕнгӕс куыстытӕ сӕххӕст кодта Мугут ӕмӕ Дидмухайы.
"Ныридӕгӕн кусджытӕ архайынц фӕндажы уӕлцъар бацӕттӕ кӕнын асфальт кӕнынмӕ. Ацы куыстытыл бахъӕудзысты дыууӕ къуыри. Фӕндаджы арӕзтад ахсджиаг уымӕй у ӕмӕ банысангонд хъӕутӕй дарддӕр фӕрог кӕндзӕн сыхаг хъӕуты инфраструктурӕ дӕр. Ӕддӕпӕт фӕндаджы ацы хаххыл ис 10 хъӕуы", - загъта Мӕхъиты Семен.
Уый ма бафиппайдта, арӕзтадон куыстытӕ ӕххӕст кӕй цӕуынц паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолийы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, кӕцымӕ уымӕй размӕ бахатыдысты хъӕуты цӕрӕг адӕм.
Ног хабӕртты лентӕ
0