Югоссельхознадзоры бамбарын кодтой Уӕрӕсеимӕ арӕныл карздӕр цӕстдарды аххосӕгтӕ

© Sputnik / Карина ГаглоеваЮгоссельхознадзоры бамбарын кодтой Уӕрӕсеимӕ арӕныл карздӕр цӕстдарды аххосӕгтӕ
Югоссельхознадзоры бамбарын кодтой Уӕрӕсеимӕ арӕныл карздӕр цӕстдарды аххосӕгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2021
Рафыссын
Дæллаг Зæрæмæджы пунктты фæкарздæр цæрæгойтӕ, хæлцад æмæ цæрæгойты холлæгты баластмӕ цæстдард, ивындзинæдтæ баст сты Хуссар Иры африкæйаг емынæйы фæзындимæ
ЦХИНВАЛ, 6 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны хъӕууон хӕдзарад министрады бамбарын кодтой Уӕрӕсеимӕ арӕны сӕртыл фӕкарздӕргод мадзӕлтты тыххӕй, кӕцыты ивгъуыд къуыри фехъусын кодта Роспотребнадзор.
Югоссельхознадзоры хистӕр Гуыцмӕзты Маирбегы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы тобӕтӕ сты рагӕй, фӕлӕ та фӕкарздӕр сты Хуссар Ирыстоны африкӕйаг емынӕ кӕй апарахат ис, уый аххосӕй.
"Урсаджы ӕмӕ фыдӕзгъӕлы продукци иууылдӕр у тобӕгонд. Евразийы экономикон цӕдисы бӕстӕты домӕнтӕм гӕсгӕ арӕны сӕртыл аласны бар уыдзӕн ӕрмӕст фондз кг бӕрц хӕлцадӕн рауагъдадон тыхтоны. Ӕндӕр хӕлцад, кӕцы арӕзт ӕрцыд хӕдзарон уавӕрты нӕ уадздзысты",- загъта Гуыцмӕзты Маирбег.
Ацы тобӕтӕ раздӕры дӕр уыдысты, фӕлӕ  раздӕр афтӕ карзӕй ӕххӕст нӕ цыдысты.
Таможнӕйон пост - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.04.2020
Хуссар Иры къухдариуӕгад адарддӕр кодта Уӕрӕсеимӕ арӕныл хизыны тобӕ 31 майы онг
"Ацы тобӕтӕ уыдысты раздӕр дӕр, фӕлӕ уӕд адӕмӕн иу бантыст аласын продукци, фӕлӕ ныр Хуссар Ирыстоны куы рабӕрӕг ис африкӕйаг емынӕй, уӕд Россельхознадзор ацы домӕнтӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта. Ӕз ныхас кодтон мӕ цӕгатирыстойнаг коллегатимӕ ӕмӕ мын уыдон дӕр сбӕлвырд кодтой бӕстон сгӕрст кӕй цӕудзысты ласӕггӕгтӕ таможнӕйы", - бафтыдта уый.
Уый ма бамбарын кодта хӕдзарон фос дӕр акӕнӕн ис ӕрмӕст ӕххӕст документтимӕ.
"Дыууӕ сӕры гӕдытӕ ӕмӕ куыйтӕн акӕн ис, фӕлӕ ӕнӕмӕнг сын хъуамӕ уа  ӕхсӕнадӕмон хуызы паспортӕ, цы ран ис вакцинацийы бӕлвырдӕнӕнтӕ дӕр. Ставд къах фосы акӕнын у тобӕгонд", - бафтыдта уый.
Уыимӕ иумӕ Уӕрӕсемӕ сӕрибарӕй ласӕн ис дыргъ.
"2007 азы Роспотребнадзоры барамындӕй Хуссар Ирыстонӕй Уӕрӕсемӕ фадат ис ласын фӕткъуы. Ӕрмӕстдӕр развӕлгъау хъӕуы сфидар кӕнын ӕмбӕлон гӕххӕтытӕ нырма Югоссельхознадзоры аласны фӕдыл ӕмӕ Роспотребнадзоры та Уӕрӕсемӕ баласыны тыххӕй",- бафтыдта уый.
Ног хабӕртты лентӕ
0