Парламент аиуварс кодта Хуссар Иры хицауадӕн ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссыны фарст

© Sputnik / Natalia Airiyan Парламенты сесси
Парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.09.2021
Рафыссын
Ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссыны инициатортӕ уыдысты 14 депутаты, куы нӕ сын бавдыстой уӕрӕсейаг Хӕзнадоны басгӕрсты акттӕ, уый фӕстӕ. Хъӕлӕсдӕттын ацы фарсты фӕдыл уыд гом
ЦХИНВАЛ, 8 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент хъӕлӕсты фылдӕр хайӕ аиуварс кодта республикӕйы хицауадӕн ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссыны фӕдыл фарст.
Ӕркастмӕ фарст рахаста законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады фӕдыл парламентон комитеты сӕргълӕууӕг Габатты Алан.
Уый размӕ депутаттӕм бадзырдта вице-спикер Плиты Александр.
"Нӕ сӕйраг функцитӕй сӕ иу у бюджетмӕ хъусдрад. Фӕлӕ мах нӕ зонӕм, бахӕццы сты бюджетон кусджытӕм се хцатӕ ӕви нӕ. Уый фыст у хӕзнадоны басгӕрсты акты. Цӕмӕй райсӕм дзуаппытӕ, уый тыххӕй мах хъуамӕ ӕркӕсӕм ацы актмӕ. Цӕй тыххӕй хъӕлӕс кӕндзыстут, бюджет сӕххӕст кӕныны фӕдыл законмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд?", - загъта Плиты Александр.
Спикер Тадтаты Алан банысан кодта, йӕ рӕстӕджы республикон бюджетӕй кӕй фесӕфтысты дӕсгай миллиард сомы, фӕлӕ уӕд парламент нӕ фарста хицауады, цӕмӕ ӕрцыд афтӕ, "бюджетмӕ хъус дарын та бахъуыд ӕрмӕст ныр".
Парламент  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2021
Конституци, бюджет ӕмӕ сӕрдыгон улӕфтытӕ: Хуссар Иры парламенты ацыд рабадт
Депутаттӕ зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, парламент уӕд дӕр кӕй фӕлвӕрдта рахӕссын ӕнӕууӕнчы вотум министрты кабинетӕн, фӕлӕ хъӕппӕрис нӕ райста ӕмбӕлон хъӕлӕстӕ.
Ныры хъӕппӕрисы бындуртӕй иу депутат Санахъоты Давид нымайы уӕрӕсейаг хӕзнадоны басгӕрсты акт сын кӕй нӕ бавдыстой, уый. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, нӕ сӕххӕст кодтой ӕмгъуыдмӕ президенты хӕслӕвӕрдтӕ дӕр, кӕцытӕ хаудтой бюджетон фадыг ӕмӕ паддзахадон граждайнаг кусджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕнынмӕ.
"Нӕ райстӕуыд ӕнӕмӕнгхъӕугӕ мадзӕлттӕ, цӕмӕй фӕфылдӕр кӕной ӕмбӕстӕгты фӕрныгад", - банысан кодта депутат.
Парламентаритӕ аскъуыддзаг кодтой, хъӕлӕсдӕттын ацы фарсты фӕдыл кӕй уыдзӕн гом. Ӕнӕууӕнчы вотумыл схъӕлӕс кодтой 14 депутаты, йӕ ныхмӕ та 18 парламентарийы.
Ног хабӕртты лентӕ
0