Уӕрӕсейаг базӕ цӕттӕ кӕны егъау ахуыртӕм хӕстон ӕхстытимӕ

© Пресс-служба ЮВО РФ Уӕрӕсейаг базӕ цӕттӕ кӕны егъау ахуыртӕм хӕстон ӕхстытимӕ
Уӕрӕсейаг базӕ цӕттӕ кӕны егъау ахуыртӕм хӕстон ӕхстытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2021
Рафыссын
Республикӕйы ахуыртӕ сты Хуссар ӕфсӕддон зылды дыууӕварсон батальонон тактикон маневрты хай. Уыдон ма цӕудзысты Волгограды областы, Хъӕрӕсе-Балхъары ӕмӕ Цӕцӕны
ЦХИНВАЛ, 14 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 58-ӕм ӕфсады 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы батальонон тактикон къордтӕ сӕххӕст кодтой марш Дзарцъемы полигонмӕ дыууӕварсон тактикон ахуырты фӕлгӕтты, кӕцытӕ цӕудзысты 20-24 сентябры, фехъусын кодта дыццӕджы Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕйы хистӕр Вадим Астафьев.
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады связисттӕ цӕуынц ахуыртӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.07.2021
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрады связисттӕ цӕуынц ахуыртӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтимӕ
"Маршы фӕлгӕтты техникӕйы колоннӕйыл сӕмбӕлдысты дзырдӕй ныхмӕлӕууӕджы "диверсанттӕ". Тактикон къорды ӕфсӕддонтӕ рӕстӕгыл ссардтой ныхмӕлӕуджыты, бацыдысты ахуырадон тохы, цӕмӕй колоннӕ ацӕуа ӕдас районмӕ", - радзырдта уый.
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ма бакуыстой алыгъуызон тактикон приемтыл сӕ балцы рӕстӕджы полигонмӕ.
"Хуссар Ирыстоны хӕстон тактикон ахуыртӕм ӕдӕппӕт ӕрбаздахтой иу мин ӕфсӕддоны, афтӕ ма техникӕйы 200 иуӕджы, сӕ нымӕцы комплекс "Тунгуска", зенитон-ракетон комплекс "Стрела", артиллерион хӕцӕнгарз "Акация", минометтӕ "Сани", гранатометтӕ АГС-17 и РПГ-7В", - банысан кодта Астафьев.
Хуссар ӕфсӕддон зылды ацы къуыри уагъд цӕуынц цыппар дыууӕварсон батальонон тактикон ахуыртӕ полигонтыл, кӕцытӕ сты цӕудзысты Волгограды областы, Хъӕрӕсе-Балхъары, Цӕцӕны ӕмӕ Хуссар Ирыстоны.
Ног хабӕртты лентӕ
0