Хуссар Иры ноджы ӕртӕ скъолайы бакодтой карантин

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæКарантин
Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2021
Рафыссын
Уымӕй размӕ ӕнгӕс аххосӕгтӕм гӕсгӕ карантин бакодтой фӕндзӕм астӕуккаг скъолайы ӕмӕ 18 сабидоны
ЦХИНВАЛ, 27 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ноджы ӕртӕ скъола сӕхгӕдтой коронавирусы апарахаты аххосӕй. Ахуыры процесс ӕрурӕдтой Цхинвалы ӕхсӕзӕм ӕмӕ фарастӕм ӕмӕ Ленингоры районы Захъхъоры скъолаты, уый тыххӕй фехъусын кодта Sputnik ахуырады министрады кадрты хайады хистӕр Бекъойты Елена.
Уымӕй размӕ ӕнгӕс аххосӕгтӕм гӕсгӕ карантин бакодтой фӕндзӕм астӕуккаг скъолайы ӕмӕ 18 сабидоны.
"Карантин бакодтой 7 октябрьмӕ 6-ӕм, 9-ӕм ӕмӕ Захъхъоры скъолаты, фӕндзӕм скъола ӕхгӕд ӕрцыд раздӕр, уый йӕ куыст ӕрурӕдта 30 сентябрьмӕ",- загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕцыдӕр ахуырадон уагдӕтты та сӕхгӕдтой ӕрмӕст кълӕстӕ.
Цхинвалы фӕндзӕм скъола - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.09.2021
Хуссар Иры скъолатӕй иу сӕхгӕдтой карантиныл коронавирусы тыххӕй
"Кълӕстӕ ӕхгӕд ӕрцыдысты гимназитӕ "Альбион" ӕмӕ Рухс"-ы, Аивӕдты лицейы, фыццӕгӕм, ӕртыккӕгӕм, дыууадӕсӕм скъолаты, стӕй ма Дзау, Мугут ӕмӕ Громы хъӕуы скъолаты", - бахахх кодта Бекъойты Елена.
Уый ма бафтыдта, уымӕй дарддӕр ма вирусӕй бахизыны нысанӕн тобӕтӕ архайы 18, 17, 16, 6 ӕмӕ 1-ӕм сабидӕтты.
Хуссар Ирыстоны фӕстаг рӕстӕджы фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц, се 'хсӕн ис сывӕллӕттӕ дӕр. Югосетпотребнадзоры лабораториты майрӕмбон ӕмӕ сабаты сарӕзтӕуыд 582 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 119 адӕймагӕн. Медикты хъусдарды бын ма сты 933 адӕймаджы
Ног хабӕртты лентӕ
0