Югосетпотребнадзор фехъусын кодта ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Кирилл Брага /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2021
Рафыссын
Пандемийы рӕстӕджы республикӕйы сбӕрӕг кодтой 5908 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, уыдонӕй 5033 адӕймаджы сӕнӕниз сты
ЦХИНВАЛ, 28 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 41 ног рынчыны COVID-19-ӕй, фехъусын кодта Sputnik дыццӕджы Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.
"Нӕ лабораторийы сарӕзтӕуыд 163 иртӕсты, уыдонӕй COVID-19 сбӕрӕг кодтой 41 адӕймагӕн. Медицинон хыгъдӕй систой 99 пациенты. Медикты хъусдарды бын ма сты 875 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.
Хуссар Ирыстоны абоны онг коронавирусӕй ӕдӕппӕт сӕнӕниз сты 5033 адӕймаджы.
Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы сарӕзтӕуыд 37 214 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 5908.
Ног хабӕртты лентӕ
0