Хуссар Иры ӔХМ кусы республикӕйы дыккаг ПЦР-лабораторийы арӕзтадыл

© Sputnik / Павел Кононов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры ӔХМ кусы республикӕйы дыккаг ПЦР-лабораторийы арӕзтадыл
Хуссар Иры ӔХМ кусы республикӕйы дыккаг ПЦР-лабораторийы арӕзтадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.09.2021
Рафыссын
Ног лабораторийӕн фӕрӕзтӕ ныридӕгӕн рахицӕн кодта Уӕрӕсейы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад, уырдыгӕй ма республикӕмӕ ӕрцӕудзӕн дохтыр-лаборант, кӕцы кусдзӕн хуссарирыстойнаг специалисттимӕ иумӕ
ЦХИНВАЛ, 29 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны Югосетпотребнадзорӕй дарддӕр бакӕндзысты ноджы иу ПЦР-лаборатори, фехъусын кодта журналисттӕн ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ПЦР-лабораторийы арӕзтад нывӕндынц ацы азы кӕронмӕ.
"Мах сарӕзтам къахдзӕфтӕ уӕрӕсейаг Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрадимӕ, алцӕуыл дӕр баныхас кодтам. Афтӕ ма нын рахицӕн кодтой ӕнӕмӕнгхъӕуӕг фӕрӕзтӕ. Уӕрӕсейӕ ныридӕгӕн ӕрцыд дохтыр-лаборант, кӕцы кусдзӕн ног лабораторийы", - загъта Наниты Сослан.
Уымӕй дарддӕр министр банысан кодта, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад дарддӕр кӕй исы ног специалистты.
© Sputnik / Natalia Airiyan Наниты Сослан
Сослан Наниев - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Наниты Сослан
"Сӕрибар бынӕттӕ бирӕ ис, фӕлӕ махмӕ фаг специалисттӕ нӕй, уый фӕдыл мах бирӕты ӕркӕнӕм Цӕгат Ирыстонӕй. Афтӕ ма мах сӕвӕрӕм информаци ваканситы фӕдыл уӕрӕсейаг сайттыл. Ис нӕм куырдиӕттӕ Инди ӕмӕ Африкӕйӕ дӕр", - банысан кодта министр.
Наниты Сослан бахахх кодта, уагдоны минӕвӕрттӕ кӕй дзуапп кӕнынц кандидатты фарстытыл, кӕцыты зӕрдӕмӕ арӕх нӕ цӕуы мыздты ӕмвӕзад.
Ног хабӕртты лентӕ
0