Хуссар Иры социалон фонды сæргъ слæууыд Тедеты Олеся

© facebook / Игорь ЧочитыТедеты Олеся
Тедеты Олеся - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.10.2021
Рафыссын
Скъуыддзаг рахастæуыд майрæмбоны хицауады рабатыл. Социалон фонды разамонæгæй снысаны размæ Тедеты Олеся куыста финансты министрады
ЦХИНВАЛ, 1 окт — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны хицауад сфидар кодта барамынд Тедеты Олесяйы республикæйы Социалон фонды разамонæджы бынатмæ снысан кæныны фæдыл.
Тасойты Аза  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2021
Президент ссӕрибар кодта йӕ бынатӕй Пенсион фонды хистӕры
Цыппæрæмы президент ссæрибар кодта Тасойты Азæйы Пенсион фонды хистæры бынатæй (августы уагдоны ном раивтой Социалон фондмæ).
Скъуыддзаг рахастæуыд майрæмбоны хицауады рабатыл. Социалон фонды разамонæгæй снысаны размæ Тедеты Олеся куыста финансты министрады.

Цыбыр биографион справкæ

Тедеты Олеся Тедеева райгуырд 1981 азы. 2004 азы каст фæцис ХИПУ-йы экономикæйы факультеты специальность "Финансы и кредит".
2017 æмæ 2020 æзты рацыд квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институт æмæ "Кабардино-Балкарский государственный университет имени Х.М. Бербекова"-йы.
Социалон фонды разамонæджы бынатмæ снысаны размæ куыста Хуссар Ирыстоны финансты министрады.
Ног хабӕртты лентӕ
0