Хуссар Иры дӕрддзӕф хъӕуы самайдзысты рӕстдинон аргъуан

© Из личного архива Роберта КулумбеговаХуссар Иры дӕрддзӕф хъӕуы самайдзысты рӕстдинон аргъуан
Хуссар Иры дӕрддзӕф хъӕуы самайдзысты рӕстдинон аргъуан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.10.2021
Рафыссын
Знауыры районы Хуымты хъӕуы кувӕндоны арӕзтады инициатортӕ развӕлгъау райстой Алайнаг епархийы динанамонджыты разыдзинад ӕмӕ арфӕ
ЦХИНВАЛ, 3 окт — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Аланийы дзуарӕфтыды 1100 азмӕ Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Хуымты (Гвиргина) хъӕуы самайдзысты рӕстдинон аргъуан, фехъусын кодта Sputnik этнограф, журналист, ацы хъӕуӕй рацӕугӕ Хъуылымбегты Роберт.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, инициатортӕ развӕлгъау райстой Алайнаг епархийы динанамонджыты разыдзинад ӕмӕ арфӕ.
"Ирон адӕммӕ ис рагон традици - кувӕндон куы фӕамайынц, уӕд сӕйраг дзуарӕй ӕрхӕссынц дур. Ныр дӕр ацы ӕгъдау нӕ фӕивта. Сыгъдӕг Мад Майрӕмы кувӕндонӕй Зиулеты хъӕуӕй рахастой дур. Фыд Иаков саргъуыдта бынатыл", - загъта Хъуылымбегты Роберт.
Уый ма бафтыдта, арӕзтады хъӕппӕрис кӕй раразмӕ кодта хъӕуы цӕрӕг Хъуылымбегты Ахмӕт. Нырмӕ уал сын бантыст фидӕны арӕзтады бынаты сӕвӕрын дзуар.
© Из личного архива Роберта КулумбеговаСтроительство православной часовни в селении Гвиргвина
Строительство православной часовни в селении Гвиргвина - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
Строительство православной часовни в селении Гвиргвина
Уымӕй размӕ Хъуылымбегты мыггаг самадтой Рекомы кувӕндон Хъларсы хъӕуы.
Ног хабӕртты лентӕ
0