Цхинвалгæрон кӕрӕдзийыл сæмбæлдысты дыууæ хæдтулгæ

© Sputnik / Дзерасса ТеховаДыууæ хæдтулгæ сæмбæлдысты Цхинвалгæрон
Дыууæ хæдтулгæ сæмбæлдысты Цхинвалгæрон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2021
Рафыссын
Авари ӕрцыд къуырисæры райсом микрорайон "Мӕскуыйаг"-мæ фæзилæны цур. ФТЦ зианбаййафджыты чысыл цæфтимæ фæхæццæ кодтой рынчындонмæ
ЦХИНВАЛ, 4 окт – Sputnik, Гæбæраты Элина. Фæндагон–транспортон цау æрцыд къуырисæры райсом Цхинвалмӕ цæгатфарс æрцæуæны, хъусын кæны Хуссар Иры МХМ-йы пресс-службæ.
Уагдоны бафтыдтой, кӕрӕдзийыл кӕй сæмбæлдысты ВАЗ-2107 æмæ Toyota. Аварийы фæстиуæгæн фæндагон змæлды иу архайæг дæр нæ райста уæззау цæфтæ.
"Уæрæсейы уагъд хæдтулгæ не ʻсарæхст скъæрын æмæ сæмбæлд фæсарæйнаг машинӕйыл", - загътой МХМ-йы.
Цауы бынатмæ бацыдысты паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ. Фæндагон-транспортон цауы архайджыты бакодтой республикон бирæпрофилон центрмæ, фæлæ сæ рынчындоны схуыссын кæнын нæ бахъуыд.
Ног хабӕртты лентӕ
0