Зарæггæнæг Мæргъиты Лейла хайад райсдзæн æхсæнадæмон конкурс "Ты — звезда"-йы

© leila_margievaМæргъиты Лейла
Мæргъиты Лейла - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2021
Рафыссын
Фæсивæдон телепроекты фыццаг этап райдайдзæн хуыцаубоны Уæрæсейы столицæйы – стъалыты скондæй жюри сбæлвырд кæндзæн финалистты хъæлæсæппæрсты руаджы
ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Ӕвзонг хуссарирыстойнаг зарæггæнæг Мæргъиты Лейла хайад райсдзæн æхсæнадæмон конкурс "Ты — звезда"-йы, фехъусын кодта Sputnik йæхæдæг вокалист.
"Ӕвзарæн тур ацыд сентябры, фæлæ хатдзæг фехъуыстон æрмæст дысон æхсæв, уæд мæм дзырдтой мæ хæлæрттæ æмæ æмбæлттæ. Уый мæнæн у æнтыстмæ стыр къахдзæф", - загъта Мæргъиты Лейла.
Проекты фыццаг тур ацæудзæн 10 октябры Уæрæсейы столицæйы.
"Ныридæгæн æз дæн Сочийы – архайын æндæр æхсæнадæмон вокалон конкурс "Звездный путь" –ы. Ам æххæст кæнын вазыгджын зарджытæ – "Призрак Оперы" æмæ "Con Te Partiro", - бафтыдта зарæггæнæг.
Цалдæр боны размæ Мæргъиты Лейла презентаци скодта йæ ног зарджытæ "Звезда моя" æмæ трек "Одни под небесами".
Йæ музыкалон карьера райдыдта телепроект "Стъалыты ферттывд"- æй, уым уый ахызт дыккаг этапмæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0