Хуссар Иры МХМ радзырдтой коронавирусы ныхмӕ мадзӕлттыл ӕмӕ пандемийы рӕстӕджы службӕйыл

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ МХМ
РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2021
Рафыссын
МХМ райста мадзӕлттӕ куыд сӕхи кусджытӕ, афтӕ граждайнаг цӕрджыты ӕдасдзинады фӕдыл
ЦХИНВАЛ, 20 окт – Sputnik, Козаты Диана. Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Пухаты Мераб ӕрсидт йӕ кусджытӕм ӕххӕст бӕрцӕй ӕххӕст кӕнын сӕ хӕслӕвӕрдтӕ уӕззау эпидемиологион уавӕрмӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ.
Хуссар Иры МХМ кусджытӕ сгардзысты, куыд ӕххӕст цӕуы хиизоляцийы режим - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.10.2021
Хуссар Иры МХМ кусджытӕ сгардзысты, куыд ӕххӕст цӕуы хиизоляцийы режим
Уагдоны оперативон рабадтыл ӕрдзырдтой COVID-19 апарахат ма руадзыны фӕдыл мадзӕлттыл. Уый уыд рабадты сӕйраг темӕ, хъусын кӕны МХМ пресс-службӕ.
Хуссар Ирыстоны коронавирусы апарахат ма руадзыны фӕдыл оперштаб бакодта ног арӕнӕвӕрдтӕ коронавирусӕй рынчынты нымӕц кӕй фылдӕр кӕны, уый тыххӕй. Хуссар Ирыстоны 1 ноябрьмӕ сӕхгӕдтой карантиныл ахуырадон уагдӕттӕ, сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн центртӕ, спортивон секцитӕ ӕмӕ тренажерон залтӕ, 1 декабры онг та тобӕ сӕвӕрдтой чындзӕхсӕвтӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕрӕгбонон мадзӕлттӕ уадзыныл.
"Ӕмбарын ӕй, зындзинӕдтӕ кӕй фӕзынд бирӕ дӕлхайӕдты, фӕлӕ нӕ хӕслӕвӕрд у баххуыс кӕнын республикӕйы цӕрджытӕн рацӕуын ацы уӕззау фӕндаг. Уый фӕдыл алкӕцы разамонӕг дӕр хъуамӕ бынаты бӕрӕг кӕна йӕ кусджыты службӕйы график, ӕмӕ цӕмӕй уа дисциплинӕ ӕмӕ фӕтк", - хъусын кӕны пресс-службӕ Пухаты Мерабы ныхӕстӕ.
Рабадты хайадисджытӕ ӕрдзырдтой мадзӕлттыл, кӕцыты руаджы къаддӕр кӕны коронавирусы инфекцийы апарахат. МХМ райста мадзӕлттӕ куыд сӕхи кусджытӕ, афтӕ граждайнаг цӕрджыты ӕдасдзинады фӕдыл.  Стационарон посттӕ, патрулон экипажтӕ ӕмӕ дӕлхайӕдтӕ, кӕцытӕ контакт кӕнынц граждайнаг цӕрджытимӕ, ифтонг сты сӕрмагонд хъахъхъӕнынады фӕрӕзтӕй. Техперсонал ӕрвылбон уадзы бӕстыхӕйтты дезинфекци.
"Кусджыты коронавирусӕй бахъахъхъӕныны нысанӕн МХМ карантины рӕстӕджы ссӕрибар кодта гоймӕгты, кӕцытӕ сты тасы къорды, афтӕ ма кусджыты, кӕцытӕ хъомыл кӕнынц 10 азы кары онг сывӕллӕтты", - банысан кодтой уагдоны.
МХМ баныфсӕвӕрдтой, санитарон-гигиенон нормӕтӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц рӕстӕгмӕдарӕн изоляторы дӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0