"Алания" Мӕскуыйы: ирон кафты ансамблы юбилей ацӕудзӕн столицӕйы

© MDC AlaniaКафты мӕскуыйаг ансамбль "Алания"
Кафты мӕскуыйаг ансамбль Алания - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Концерты ралӕудзӕн Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль "Симд" ӕмӕ оперӕйы стъалытӕ Амага Готти ӕмӕ Бекъойты Вано

ЦХИНВАЛ, 26 мар - Sputnik. Кафты мӕскуыйаг ансамбль "Алания"-йы юбилейон концерт ацӕудзӕн 12 майы Мӕскуыйы, ПЦКЗ "Россия", хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны минӕварады пресс-службӕ.

Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сочи æмæ Цхинвалы: "Симд" дæтты концерттæ

Концерты хайад райсдзысты Хуссар Ирыстоны кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль "Симд", Ирыстоны сгуыхт артисттӕ Хъуылымбегты Сослан, Амага Готти, Бекъойты Вано, Гӕззаты Елена, Хуытъинаты Марина, Челдыты Вадим ӕмӕ РЦИ-Аланийы адӕмон артист Тайсауты Олег.

Афтӕ ма мадзалы хайад райстой паддзахадон хореографион ансамбль "Березка", паддзахадон академион кафты театр "Гжель" ӕмӕ паддзахадон академион цыгайнаг театр "Ромэн"-ы солисттӕ.

Кафты мӕскуыйаг ансамбль "Алания" сарӕзтӕуыд 1994 азы. Коллектив ӕмӕ разамонӕджы схорзӕхджын кодтой Уӕрӕсейы президенты бузныджы грамотатӕй, ИНО ЮНЕСКО-йы майданӕй, РЦИ – Аланийы сӕргълӕууӕджы кады грамотӕйӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0