Уæ мидбылты бахудут, уӕ къам уын исынц

Рафыссын
Хуссарирыстойнаг столицæйы уынгтыл фæзындзæн видеоцæстдарыны камерæтæ. Уый фæахъаз уыдзæн фыдракæндтӕ раргом кæныны хъуыддагæн æмæ ФЗФ фехалыны цауты нымæц фæкъаддæр кæнынæн.

Цхинвалы æрæвнæлдтой видеоцæстдарды иумæйаг телекоммуникацион системæ "Æдас горæт" аразынмæ, кæцы æвæрццагæй бандавдзæн горæты цæрджыты æдасдзинад бахъахъхъæныныл.

Системæ монтаж кæнынц уæрæсейаг специалисттæ. Йӕ нысан у бахъахъхъæнын горæт фæндагон уагæвæрд фехалыны цаутæй, зынгсирвæзттæ æмæ æндæр уæлвæткон уавæртæй, фехъусын кодтой Мидхъуыддæгты министрады.

Стационарон видеокамерæтæ æрцæудзысты æвæрд Цхинвалы иууыл цырынгонд змæлдимæ уынгты, скъолатæ æмæ сабидæттæм æввахс. Куыстытæ дих æрцыдысты цалдæр этапыл. Æдæппæт Цхинвалы æвæрд æрцæудзæн 25 камерæйы. Нæ инфографикæйы мах равдыстам, горæты районтæй уал ныридæгæн цы районты æрцыдысты æвæрд камерæтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0