Бæгъиатæ: арæзтад æмæ пайдакæнынад

Рафыссын
Минералон дон исынц æрдæгкилометр дæрддзæфæй 150 метр æрфæн цъассæй. Дон цъассæй комкоммæ цæуы заводы мидæг æмбырдгæнæнтæм.

Ныртæккæ Бæгъиаты суаруадзæн завод уадзы минералон дæттæ "Бæгъиатæ" æмæ "Дзау". Æввахс рæстæджы куыстуат фæуæрæхдæр кæндзæн йæ ассортимент. Ам райдайдзысты кулертæн суадоны дон æвгты уадзын, уаддзысты ма йæ æрдæг- æмæ фондзлитрон æвгты.

"Суткæйы мидæг завод уадзы 20 мин авгы минералон дон, уыдон иу хай мах ласæм нæ оптон дуканимæ, кæцы ис Цхинвалы, иннæ хай та æрвитæм республикæйы æддæ — Дзæуджыхъæу, Мæскуы, Хъырыммæ", — радзырда куыстуаты гендиректор Тедеты Роланд.

Минералон дон"Бæгъиаты" химикон сконд у уникалон, ГОСТмæ гæсгæ уый нымад æрцыд хосгæнæныл: у хос ахсæны рæстмæ æмæ бæрзонд секреторон функциты хроникон гастриттæн,;ахсæны хъæдгæмттæ æмæ дыууадæсæнгуылдзон тъанджы низтæн; артæнты, игæрты, уыргты, мæстыдзæкъулы æмæ мæстуадзæнвæдты риссæгтæн;, буарæдты баивды низтæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0