Тотоонты Александр: Хуссар Иры хъӕуы президент-рацаразӕг

© архивное фотоСенатор Александр Тотоонов
Сенатор Александр Тотоонов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы Советы ӕмӕ РХИ парламенты ӕхсӕн ӕмгуыстады фӕдыл къамисы сӕргълӕууӕг Тотоонты Александр радзырдта Sputnik Хуссар Ирыстоны ӕвзӕрстон кампанийӕ йӕ ӕнхъӕлмӕкӕсынады тыххӕй.

Сабеты Алана

— ЦӔК рахаста скъуыддзаг Кокойты Эдуарды президенттӕм кандидатӕй срегистрацийыл тобӕ сӕвӕрын. Ис гӕнӕн ӕмӕ уый бафӕлвара хицауадыл тыхӕй бандавын, цӕмӕй баздӕха ӕвзӕрстон кампанимӕ?

— Хуссар Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамис кусы архайгӕ закондӕттынады фӕлгӕтты. Ӕз разы дӕн Централон ӕвзарӕн къамисы цыфӕнды скъуыддзагимӕ дӕр, кӕд уый уа ӕвзӕрстыты фӕдыл законӕн ӕмбӕлон, уӕд. Ме ′рдыгӕй фарс Центрӕвзӕрсткомы скъуыддзагӕн комментаритӕ аразын корректон нӕу. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, нӕй гӕнӕн закон ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕргъуызон ӕмбарын. Ацы хъуыддаджы нӕй бынат импровизацийӕн ӕмӕ иу кандидаты пайдайӕн архайдӕн.

Москва - Sputnik Хуссар Ирыстон
Эксперт: Мӕскуы не сразы уыдзӕн Кокойты Эдуарды кандидатурӕимӕ Хуссар Иры президентон ӕвзӕрстыты

Кокойты Эруарды нысаниуӕг ӕмӕ мисси Хуссар Ирыстонӕн, кӕцыйы рӕстӕджы республикӕ райста хӕдбардзинад, тынг ахсджиаг у мӕнӕн. Фӕлӕ документтӕ бадӕттыны раздмӕ дӕр ӕрмӕст эксперттӕ нӕ, фӕлӕ электораты хуымӕтӕг минӕвӕрттӕ дӕр нымадтой, экс-президенты кандидатӕй регистрацийы кӕй бахъыгдардзӕн биноныгдзинады ценз, кӕцы баконд ӕрцыд йӕ рӕстӕджы.

Ӕз нӕ зонын, экс-президенты фарсхӕцджыты масштаб, нӕ зонын, цас иузӕрдион ӕмӕ тыхджын уыдзысты. Фӕлӕ, куыд фӕнды ма уа, уӕддӕр ӕз дӕн фӕзуатон демократи айтынг кӕныны ныхмӕ.

— Дӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цы сюрпризтӕм ис ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн ӕвзӕрстыты рӕстӕджы?

— Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад бонӕй-бон рӕзы, уымӕ гӕсгӕ политикон тохтӕ уадзыны фадӕттӕ сты ныртӕккӕ ӕмсӕр, нӕй сӕ эпатажон элементтӕ. Чъизи политикон технологиты тобӕгонд фӕрӕзтӕ сты ахӕм адӕмы ӕгъдау, кӕцытӕ аккаг не ′сты хӕдбар паддзахады сӕргъ слӕууын.

— Ды лӕууыс Уӕрӕсейы Федерацийы Советы ӕмӕ РХИ парламенты ӕхсӕн ӕмгуыстады фӕдыл къамисы сӕргъ. Хорз зонгӕ дын сты республикӕйы проблемӕтӕ. Цахӕм хъуамӕ уа Хуссар Ирыстоны президент?

— Куыд цыфӕнды ӕндӕр бӕстӕйы, афтӕ Хуссар Ирыстоны хъӕуы патриот, президен-рацаразӕг, рӕстаг, иузӕрдион ӕмӕ принципиалон, кӕцы ныфсджын у йӕхи ӕмӕ йӕ адӕмы тыхтӕй.

— Цы фӕндиӕгтӕ Дӕ фӕнды зӕгъын ӕвзарджытӕн?

— Рӕстаг ӕвзӕрстытӕ политикон хъомылад ӕмӕ хъармзӕрдӕйы фӕзынд сты. Фӕлӕ мӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Хуссар Ирыстон йӕ сырӕзты фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ кӕй ӕвдисы ахӕм хъармзӕрдӕ, уымӕн та ӕвдисӕн у адӕмы активондзинад ӕвзӕрстыты рӕстӕджы. Ӕз уыдтӕн амӕй размӕ ӕвзӕрстыты дӕр. Ныфс мӕ ис ӕмӕ ацы ӕвзӕрстыты рӕстӕджы дӕр адӕм сӕхӕдӕг кӕй равзардзысты ног лидеры. Ӕмӕ никӕмӕн уыдзӕн фадат ӕвзӕрстыты фӕстиуджытыл бандавын.

— Радзур ма нын, Дӕ хорзӕхӕй, Уӕрӕсейӕ Хуссар Ирыстонмӕ цы ӕвзарджытӕ ӕрцӕудзысты, уыдоны тыххӕй.

— Цӕстдарджыты нымӕц бӕлвырд кӕны химӕисӕг фарс. Уӕрӕсейы ЦӔК скъуыддзаг кӕны Хуссар Ирыстонмӕ арвитын къамис, кӕцы у ӕмбӕлон ӕвзӕрстытӕ уадзыны ӕмвӕзад ӕмӕ масштабтӕн.

— Ӕвзӕрстыты рӕстӕджы ӕнхъӕлмӕ кӕсӕн ис фӕсарӕйнаг цӕстдарджытӕм?

— Кӕд уыдон уой, уӕддӕр уыдзысты ӕнӕофициалон гоймӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ, стыр хъыгагӕн, Хуссар Ирыстон нырма нымад не ′рцыд дунейы бирӕ бӕстӕты ӕрдыгӕй. Фӕлӕ зӕгъын хъӕуы ӕмӕ цы банымад ис, уый дӕр у фаг хӕдбар паддзахадыл хи нымайынӕн ӕмӕ дарддӕр хӕдбар курсыл цӕуынӕн.

Дӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цас ахсджиаг у Хуссар Ирыстоны ном раивыны фӕдыл референдум ауадзыны ӕнӕмӕнгхъӕуӕгдзинад?

— Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы скъуыддзаджы райст не ′ркӕндзӕн быцӕутӕм республикӕйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0