Коцты Ацæмæз туркаг ирæтты, Анкарайы Уастырджийы кувæндон ӕмӕ йӕ чындзӕхсӕвы тыххӕй

© FacebookКоцты Ацæмæз
Коцты Ацæмæз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон клубы дзæуджыхъæуккаг минæварады къухдариуæггæнæг, актер æмæ æхсæнадон архайæг Коцты Ацæмæз ӕрдзырдта Sputnik уацхæссæг Плиты Фатимæимæ йæ дæлбар клубы архайдыл, Турчы ирæтты цард, ирон дин æмæ æгъдæуттыл.

— Ацӕмӕз, Ды бирæ æзты дæргъы цардтæ Ирыстонæй дард, цы дæ сразæнгард кодта ирондзинад парахат кæнынмæ?

— Мæскуыйы, уырыссаг æхсæнады хсӕн куы фæцардтæн 13 азы дæргъы, уæд мæм уый фӕстӕ Facebook-ы ныффыста Карсанты Гурам æмæ мӕ ‘рхуыдта Кæсойты Аланимæ сæ иумæйаг проект "Иудзинад"-ы хайад райсынмæ. Интервьюйы хуызы конд алæвæрдтæ арæзт цыдысты ирон æвзагыл. Куы базыдтон ӕмӕ мæ æрдæг сахат ирон æвзагыл ныхас кæнын бахъæудзæн, уæд æцæгдæр бакатай кодтон. Мæхи фæцæттæ кодтон æмæ куыддæрты сарæхстæн ирон æвзагыл дзуаппытæ раттынмæ. Уæдæй фӕстӕмӕ мæ зæрдæйы райхъал мадæлон æвзагмæ уарзондзинад. Нал мæ фæндыд Мæскуыйы цæрын, мæ зæрдӕ мæ хаста фæстæмæ мæ райгуырæн бæстæм. Уæд мæ интервьюйы дæр загътон, æртæ азы фæстæ Дзæуджыхъæуы кæй цæрдзæн, фæлæ уый бæрц дæр нал бафæрæзтон æмæ дыууæ азмæ æрыздæхтæн фæстæмæ.

— Куыд ӕрцыдтæ ирон клубы филиал Дзæуджыхъæуы бакæныны хъуыдымæ? Цæй мидæг ис йæ сæйраг мидис?

— Дзæуджыхъæумæ куы рацыдтæн цæрынмæ, уæд мын мæскуыйаг клубы бындурæвæрджытæ бахæс кодтой Цæгат Ирыстоны сæйраг сахары бакæнын æнгæс клуб. Афтæ райгуырд Дзæуджыхъæуы дӕр ирондзинады авдæн.

Ирон ӕвзаджы клуб Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон ӕвзаджы клуб Дзæуджыхъæуы йӕ куыст райдыдта киноныв "IRON VANDEЕ"-йӕ

Фыццаг рады мæ фæнды зæгъын æмæ æз ирон æвзаджы ахуыргæнæг нæ дæн, нæдæр разамонæг дæн, ацы хъуыддаджы æрмæстдæр дæн организатор.

Æрбакæнын цымыдисон адæймæгты — историкты, зарæггæнджыты, бадзурын ресторанты хицæуттимæ æмæ аразын фембæлдтæ мæнау ирондзинадæй "рынчын" адæмæн.

Клубы сæвзæрдæй фæстæмæ æрвыл сабат дӕр аразӕм æмбырдтæ. Уыд нын 15 фембæлды онг, æрхуыдтам зынгæ историкты, музыкантты, спортсменты æмæ æндæр фадгуыты архайæг цымыдисон гоймæгты. Ацы рæстæгмӕ клубæн фæзынд æппынæдзухон уæнгтæ, чидæртæ æрбакæнынц се ʻмгæртты дæр. Афтæ фылдæр кæны нæ уазджыты нымæц.

Проектӕн ӕрмæст æвзаджы практикӕ нæу йæ сæйраг нысан, мах фӕныхас кæнæм, чи цы бакаст, уыцы чингуытыл, истори æмæ культурæйы фарстытыл.

— Дæ хъуыдымæ гæсгæ, Цхинвалы дӕр хъæуы ирон æвзджы клуб бакӕнын?

— Хуыцауы фæрцы, ирон æвзаг, æгъдæуттæ æмæ традицитæ Хуссар Иры нæ рох кæнынц æмæ ам клуб саразыны æнæмæнгхъæуæгдзинад нæй. Ахæм уавæр ис Дыгургомы дæр.

— Куыд цæуы куыст фæсарæнты цæрæг ирæттимæ, цы горæтты ма хъуамæ сырæза ирон æвзаджы клубтæ?

— Дыууæ къуырийы дӕргъы уыдтӕн Турчы. Анкарайы æрбайгом кодтам ирон æвзаджы клуб, фæстæдæр та ахæм клуб фæзындзæн Стамбулы. Ацы хъуыддагыл кусæм блогер æмæ æхсæнадон архайæг Дзотты Чермен, æхсæнадон архайæг, туркаг ирон чызг, "Аланты Ӕппæтдунейон Цæдис"-ы президент Мамсыраты Ирмæ æмæ æз. Стыр уæлахиз нæ къухты бафтыд — æртæ азы куысты бæлиццаг хатдзæг у фæсарæнты ирон æвзаджы клубы фæзынд. Нæ куыст райста æхсæнадæмон формат.

© FacebookКоцты Ацæмæз Турчы ирæттимæ
Коцты Ацæмæз Турчы ирæттимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Ацæмæз Турчы ирæттимæ
Мамсыраты Ирмæйӕн бахæс кодтам, цæмæй йæхимæ райса Анкарайы ирон æвзаджы клубы сæрдары бæрн. Ӕрæмбырд кодта Турчы ирæтты æмæ марты кæрон цытджын æгъдауæй бакодтам клуб. Ныхасы рацыд хистæр куырыхон лæг Хъуыбадты Айтек. Бакастысты кинонывтæм. Бакæныны фæстæ ныхас кодтон бынæтон лæппутимæ. Уыдон дыгурон диалектыл афтæ сыгъдæг дзурынц æмæ йæ нæ рахатдзынæ, Чиколайы райгуырдысты æви Турчы зæххыл арвыстой сæ цард.

— Цы тæлмæнтæ Дыл ныууагътой Турчы ирон адæм, кæцытæ 150 азы дæргъы цæрынц æцæгæлон бæстæйы?

— Туркмæ хуыздæр цардагур цы ирон адæм фæцыдысты, уыдон фылдæр бæрцæй уыдысты хъæзныг, æлдæрттæ, уæздан адæм. Сæ фæдонтыл фыццаг бакастæй дӕр зыны, кæй сты уæздæттæй. Сæ зондахаст, сæ азмæлд, се ‘гъдауæй бæрæг у, рӕмон адæм кæй сты.

Фæстаг нымадмæ гæсгæ, Турчы цæры 30 мин ироны.

— Цы ахаст сын ис сӕ историон райгуырӕн бӕстӕмӕ? Нӕй сӕм фӕстӕмӕ рыздӕхыны хъуыды?

— Фæсивæд тынг цымыдис кæнынц ирон æгъдӕуттӕм, фæнды сæ самал кæнын æрмæг, кæцæй хъуамæ æвгæной сæ фыдæлты фарн æмæ æгъдау. Фарстой мæн, цы чингуытӕ хъæуы бакæсын. Æз аныхас кодтон Турчы цӕрӕг куырыхон ирон лæг Хъуыбадты Айтекимæ æмæ йын бамбарын кодтон фæсивæды тырнынад ирон æгъдæуттæ базонынмæ, уыдон та чиныгæй арфдæр банкъардзысты ирон традицион дины фæрцы. Æз уазæгуаты уыдтæн ирон хæдзары Турчы, скад мын кодтой — сфыхтой æртæ уæлибыхы, фæлæ сæ фынгмæ рахастой лыгтæй. Уый та ирон хæдзары æруадзинаг хъуыддаг нæу, цалынмæ Хуыцау æмæ Уастырджимæ скувай, уæдмæ уӕлибыхты ничи лыг кӕны.

Хъуысаты Садреттин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъуысаты Садреттин: Турчы ирӕттӕ нӕ рох кӕнынц сӕ уидӕгтӕ

Ацы фæтк амоны ирон дин æмæ нæ фæнды, цæмæй дзы нæ туркаг ӕфсымæртæ дӕр уой хайджын. Уымæ гæсгæ, сидæм æппæтирон змæлд "Стыр Ныхас"-мæ, ирон æгъдӕуттæ фидар кæныны фæдыл совет "Дзуары лæгтӕм" æмæ РЦИ-Аланийы Нациты фæдыл министрадмæ, цæмæй бафæрсæм нæ буц хистæрты, нæ куырыхон адæмы ӕмӕ Турчы зæххыл искӕцы ирон зæды кувæндон саразæм, зæгъæм Уастырджийы. Чизоны афтæ рауайа æмæ дзуар йæхæдæг равдиса, цы зæды кувæндон саразæм, уый.

Фӕнды нӕ Ирыстоны дзуæрттæй искӕцыйӕ дур сисæм æмæ йæ аласæм Турчы бæстæмæ, цӕмӕй йӕ бындурыл кувæндон скæнæм. Хорз ма уаид, Ирыстонæй сæм бæрæгбӕтты куы цæуиккой куырыхон хистæртæ, цӕмӕй туркаг ирон фӕсивӕд ахуыр кæной се ʻгъдæуттыл.

— Куыд райстой ацы фæнд Турчы цӕрӕг ирæтты хистæртæ?

— Турчы ирæттæ сты пысылмон диныл хæст æмæ фыццаг ацы хъуыды фехъусгæйæ иутæ æркатай кодтой, фæлæ сын бамбарын кодтон, сæ дин ацы ивындзинæдтæй кӕй нæ фæцуддзæн. Ирыстоны дӕр чырыстон, пысылмон æмæ ирон традицион дин æмдзу кæнынц кæрæдзи æнæхъыгдаргæйæ. Ирон дины фæрцы абон мах бахъахъхъæдтам не ‘гъдæуттæ. Ирон дин фылдæр бæрцæй у нӕ традици æмæ æгъдау. Кæд нæ фæнды, цæмæй не ʻфсымæртæ цины фынгмӕ дыууæ уæлибых лыгтæй ма хæссой, фæлæ æгъдаумӕ гӕсгӕ æртæ кувинаджы.

Ӕрӕджы Ды ӕрхастай Туркӕй ус, уый фӕдыл Дын нӕ редакци зӕрдӕбын арфӕ кӕны. Куыд ацыд уæ чындзæхсæв?

— Æз дæн фыццаг ирон лæппу, кæцы æрхаста Туркæй ирон чызг. Ӕвæццæгæн Мамсыраты Ирмæ дæр у фыццаг ахæм чызг, кæцы йæ рагфыдæлты зæхмæ фæцыд чындзы. Сыгъдæг ирон æгъдаумæ гæсгæ арæзт нæ уыд нӕ чындзæхсæв, сарӕзтам ӕй Туркы.

© FacebookКоцты Ацæмæз æмæ Мамсыраты Ирмæ
Коцты Ацæмæз æмæ Мамсыраты Ирмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Ацæмæз æмæ Мамсыраты Ирмæ

Мадзал барæсугъд кодта Симд, ӕрмӕст ӕй уым кафынц чысыл æндæргъуызон, цырддæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0