Гӕбӕраты Инал: Знауыры сараздзысты 18-фатерон хӕдзар

Рафыссын
Знауыры районы сæргълæууæг Гæбæраты Инал Федыры фырт радзырдта Sputnik уацхӕссӕг Плиты Фатимӕйӕн Нагутнийы хосгæнæндоны фидæн, ног фатерты арæзтад æмæ дзюдойы скъолайы æнтыстыты тыххӕй

— Инал Федыры фырт, Ды фыццаг хатт нӕ кусыс Знауыры районы хистæры бынаты, хорз зонгӕ дӕ проблемӕтимӕ. Цӕрджытӕй бирæтæ де снысанæй æнхъæлмæ кастысты хорзырдæм ивындзинæдтæм. Бантыст дын уыцы ӕнхъӕлцтӕй исты сӕххӕст кӕнын?

— Районы разамынады практикӕйы бакодтам цæугæ химæрайст. Цæмæй районон центрмӕ адӕм дæрддзæф хъæутæй ма цæуой, уый тыххæй мах æмбæлæм цæрджытимæ æрвылкъуыри дӕр бынӕтты. Нæ къух нæ куыд амоны, афтæ сын æххуыс кæнæм.

Адæм сæрды фылдæр хатт хатынц доны проблемӕтæ аскъуыддзаг кæнын. Ӕппынӕдзух цæуынц цæрæнуаты фарстыты æмæ фæндæгты тыххæй. Ивгуыд аз нын бантыст 10 хъæумæ саразын фæндæгтæ, уый бæрц куыст бакæнын хъавӕм 2018 азы дæр. Ивгъуыд азы æнтыстыл ма нымайын Гомарты дзуарӕй доныххахы рауагъд, йæ фыццаг этап ын балхынцъ кодтам фарон — дон уагъд ӕрцыд Уахтанайы хъӕуы онг. Дыккаг этапыл та доны хæтæл апарахат уыдзæн дыууӕ хъæуы мидæг – Уахтана æмæ Терегуан, сӕ цӕрджытӕ ифтонг уыдзысты нуазыны донæй. Ацы аз æнгæс куыстытæ ацæудзæн бирæ хъæуты.

Ацы бонты фæцис райцентры уынгтыл рухсытӕ ӕвӕрыны куыст. Сӕвæрдтам гъæдджындæр æмæ къаддæр чи хардз кæны, ахæм цырæгътæ. Дарддæр ма куыст цæудзæн, республикон трассæ цы хъæутыл цӕуы, уыдон срухс кæныныл дæр.

Фæндӕгты арæзтад æмæ дон уадзын кæд æппынæдзух хъусдарды бын сты, уæд цӕрӕнуаты цалцæг æмæ агъуыстытæ раивынæн та нӕ агурын фӕхъæуы уæлæмхас фæрæзтæ, ам нын æххуыс у парти "Иугонд Ирыстон". Уый фæрцы нын бантыст цалдæр бинонтæн самал кæнын цæрæн вагæттæ, ацы аз дæр та нын партийы баныфсæвæрдтой æмæ бирæтæн баххуыс кæндзыстæм агъуындæн æрмæгæй.

— Цы æндæр фадæттæ ма ис цæрæнуатон фарст аскъуыддзаг кæнынæн?

— Инвестицион нывæзты фæлгæтты фæнд кæнынц Знауыры поселочы 18-фатерон хӕдзары арæзтад. Фидарæй йæ нæ зонын, ацы аз æм бавналдзысты ӕви нӕ, фæлæ ис 2018—2019 æзты нывæзты. Ацы хабарыл тынг æхсызгонæй сæмбæлдыстæм иууылдæр, мæхицæй райдайгæйæ. Цæрæнуæттæм чи æнхъæлмæ кæсы, уыдон нымæц у бирӕ. Фæстаг хатт ма Знауыры хæдзӕрттæ сарæзтой 1985 азы.

— Улæфæн сезоны размæ та сног кæнынц Хуссар Ирыстоны иунæг хосгæнæндон "Ныфс"-мæ фæндаг æмæ электронон рухсы проблемæты фæдыл ныхас. Сæрдмæ уыдон скъуыддзаг æрцæудзысты?

— Ацы аз фæндагон куыстытæ мах райдайдзыстæм, Нагутнийы хъæумæ цы фæндаг кæны, уырдыгæй. Фæсзымæг фыццаг нæ техникӕ ацæудзӕн ацы хаххыл, цæмæй улæфæн сезонмæ уырдæм æдæрсгæйæ цæуой хæдтулгæтæ. Ацы аз æм бæстонæй æрывналдзыстæм. Рухсы проблемӕ аскъуыддзаг кӕнын мах тыхы нæй, фæлæ хосгӕнӕнмӕ электроифтонгад радтын "Энергоресурс"-æн хæсгонд у президенты ʻрдыгæй. Иу 10 километры дæргъæн хахх хъæуы рауадзын хосгæнæдонмæ. Куыд ӕмӕ кӕд сырæздзæн, уый мæ бон зæгъын нæу, фæлæ йыл архайынц.

— Хъæууон хæдзарады фадыджы та цы æвæрццаг ивындзинæдтæ уыдзæн Знауыры районы ацы аз?

— Хъæууон хæдзарады къабазы районы разамынады тыхы уый бæрц ницы ис, не скаст у арендатортæм. Ис дзы æнтыстджын хæдзарæдтæ зæххыкуыстæй. Цалдæр азы размæ хицауад кредиты хуызы радта фæрæзтæ хъæрмуӕттæ саразынæн, уыдон дæр фæзминаг куыст кæнынц.

Мæ хъуыды у, сæндидзын кæнын хъæуы паддзахадон хæдзарадтæ — хицауад йæхи куыст хъуамæ кæна хъæууон хæдзарады фадыджы.

— Знауыры районы кусы республикæйы иууыл æнтыстджындæр дзюдойы скъола, йæ хъомылгæнинæгтæ æмбулынц куыд республикон, афтӕ цæгаткавказаг ерысты. Куыд цæуы скъолайы куыст ныртӕккӕ?

— Махæн сæйраг у фæсивæды æнæниздзинад, стæй та, кæй зæгъын æй хъæуы, ерысты æнтыстытæ дæр. Скъолайы куыст хорз цæуы, æппынæдзух æм дарын мæ хъус. Фæлæ официалон æгъдауæй спортивон объект дарыны хӕрдзтӕ не сты фидаргонд. Нæ проблемӕимæ зонгæ у президент дæр æмæ нæ уырны, районæн ацы хорздзинад кæй ӕрцæудзæн арӕзт æмæ скъолайы статус фидар æрцæудзæн официалон æгъдауæй.

Скъола кусы 2005 азæй фæстæмæ. Нæ хъомылгæнинæгтæ дыууæйæ — Уалыты Сослан æмæ Джиоты Аслан сты Уæрæсейы æмбырдгонды сконды, хорз æнтыстытæ сын ис, сты Уæрæсейы фыццагадты æмæ Уæрæсейы Кубокы призертæ, æхсæнадæмон турнирты уæлахиздзаутæ. Кæстæр фæлтæрæй нырма бынаты чи арахайы, уыдонæй рахицæн кæнæн ис Ӕлборты Дзамболат, Икъоты Дауыт æмæ Кобаладзе Кахайы – уыдон дӕр æмбулынц Цæгаткавказы æмвæзадыл, дарддæр та сæ фæндаг у Уæрæсейы фыццагадмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0