Плиты Вадим Хуссар Иры фенддаг бынӕттӕ, туристон фӕндӕгтӕ, ног музей ӕмӕ лӕгӕтты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянПлиты Вадим
Плиты Вадим - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Туризмы управленийы сӕргълӕууӕг Плиты Вадим радзырдта Sputnik Хусар Иры Къуыдары ӕмӕ Бубы лӕгӕттыл, фыццаг адӕймаджы лӕууӕндӕттыл, хъуынджын сыкъафындз, палеолит заманы музей ӕмӕ туризмы размӕцыдыл.

- Хуссар Иры Къуыдаргомы лӕгӕттӕ нымад цӕуынц иууыл цымыдисондӕртыл, фӕлӕ сӕм стӕм хатт цӕуынц бӕлцӕттӕ, цӕмӕн баззадысты рохуаты?

- Къуайса диссаджы бынат у, фӕлӕ дзы турист куы бацӕуа, уӕд базонгӕ уыдзӕн горӕтимӕ, стӕй дзы уадиссаг уынинаг ницыуал ис. Диссаг сты йӕ лӕгӕттӕ. Ӕрбынат кодтой Къуыдаргомы Часавалы хохрӕбын. Бынӕттон цӕрджытӕ фӕамонынц хохмӕ, фӕлӕ лӕгӕттӕм фӕндаг у зын ссарӕн, æддейæ бакӕсгӕйӕ сӕ бахизӕнтӕ нӕ зынынц, кӕны сӕм зынвадат къахвæндаг. Уый дӕр схъӕд ис ныр. Нӕхӕдӕг дӕр сӕм фыццаг 2010 азы куы бацыдыстӕм, уӕд сӕ тыххӕй ссардтам.

© Sputnik / Виталий РаднаевЧасавалы хох
Плиты Вадим Хуссар Иры фенддаг бынӕттӕ, туристон фӕндӕгтӕ, ног музей ӕмӕ лӕгӕтты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Часавалы хох

Къуайсайы лӕгӕттӕ бакодта 1955 азы экспедицийы рӕстӕджы зындгонд советон ахуыргонд, археолог Василий Любин. Йӕ иртӕстытӕм гӕсгӕ ам цардысты фыццаг адӕм. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы лӕгӕттӕ сты фыццыг адӕймаджы Кавказы иунӕг лӕууӕндӕттӕ. Лӕгӕттӕ ӕдӕппӕт сты фондз: Кударо 1, Кударо 2, Кударо 3, Кударо 4, Кударо 5. Уыдонӕй иууыл стырдӕр у ӕртыккаг. Ис ӕм дыууӕ бахизӕн.

- Цӕмӕй цымыдисон сты Къуайсайы лӕгӕттӕ?

-Палеолиты заманы лӕууӕнтӕ сахуыр кодтой уырыссаг ӕмӕ гуырдзиаг ахуыргӕндтӕ. Бынӕттонтӕ дуры рӕстӕгмӕ сӕ хъусдард нӕ аздӕхтой. Сӕдӕ мины бӕрц стӕгдары хӕйттӕ ссардтой лӕгӕтты. Сеʻхсӕн адӕймаджы ӕмӕ сырдты стӕджытӕ. Рабӕрӕг дзы кодтой цӕрӕгойты ӕстай хуызы. Уыдон нымӕц хъуынджын носорог. Ам цы ссардтой, уыдонӕй бынаты ницы баззад, сӕ иу хай ис Эрмитажы. Советон рӕстӕджы сӕ аластой. Йӕ рӕстӕджы уынаффӕ цыд Къуайсайы музейы арӕзтадыл, ӕмӕ уыцы экспонаттӕй кӕцыдӕртӕ рласыныл, уымӕн ӕмӕ уыдысты тыхджын бирӕ, сӕ фылдӕр хай ӕвӕрд сты хӕзнадӕтты.

© Из личного архива Вадима ПлиеваКъуыдаргомы лӕгӕттӕ
Плиты Вадим Хуссар Иры фенддаг бынӕттӕ, туристон фӕндӕгтӕ, ног музей ӕмӕ лӕгӕтты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуыдаргомы лӕгӕттӕ

Ацы хъуыддагыл куыст сног кӕнын хъӕуы, Къуыдаргомы ӕмӕ Цъоны лӕгӕтты цы ссардӕуыд, уыдон иумӕ куы рбамбырд кӕной, уӕд дзы рацӕудзӕн дуры заманы цымыдисон музей. Ацы лӕгӕтты цардысты бронзӕйы ӕнусы онг.

- Цы хъӕуы саразын, цӕмӕй Къуыдаргомы лӕгӕттӕм сарӕх уой балцытӕ?

- Лӕгӕтты куы фӕзына рухс ӕмӕ йӕм хорз фӕндӕгтӕ куы уа, уӕд уыдзӕн туристтӕн цымыдисон. Сты тынг рӕсугъд, уӕлдайдӕр та ӕртыккаг, ӕгӕрстӕмӕй дзы ис цад дӕр. Хъӕуы йын йӕ сӕрты саразын хид. Науӕд дзы хъӕуы астӕумӕ доны лӕгӕрдын. Ӕртыккаг лӕгӕты ӕз мӕхӕдӕг бацыдтӕн цыппор метры бӕрц, фӕлӕ ма дзы ахизӕн ис арфдӕр. Мах бахызтыстӕм доны мидӕг, температура уым у зынгӕ ныллӕгдӕр, уымӕ гӕсгӕ дарддӕр ацӕуын нӕ бон нал ссис. Стӕй нӕ бахъуыдаид сӕрмагонд ифтонгад.

© Из личного архива Вадима ПлиеваКъуыдаргомы лӕгӕттӕ
Плиты Вадим Хуссар Иры фенддаг бынӕттӕ, туристон фӕндӕгтӕ, ног музей ӕмӕ лӕгӕтты тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къуыдаргомы лӕгӕттӕ

Ӕз ӕй куыд зонын, афтӕмӕй инициативон къорд бацыдысты паддзахады сӕргълӕууӕгмӕ, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕна сӕйраг фарст – рухс ӕмӕ фӕндаг. Уый фӕстӕ хъӕудзӕнис уӕлвӕткон органтимӕ фарстыл бакусын, цӕмӕй уыдон дӕттой бацӕуыны бар.

Лӕггӕттӕм советон дуджы дӕр уадиссаг арӕх нӕ цыдысты уынынмӕ, уымӕн ӕмӕ дзы цыд скъӕхтытӕ. Къуыдаргомӕй дарддӕр та цымыдисон лӕггӕттӕ ис Цъоны хъӕуы дӕр. Уыдонмӕ фӕндӕгтӕ дӕр ис хуыздӕр. Уыдонӕй иуыл адӕмы ʻхсӕн рфидар ис ном – Бубы лӕгӕт. Уый дӕр у уыцы заманӕй. Йӕ арф у сӕдӕ метры бӕрц. Ӕвӕццӕгӕн, уыд ноджы стырдӕр, фӕлӕ дзы ʻрцыд ӕркалд. Ацы лӕгӕт у хӕрзвадат ӕгӕрстӕмӕй дзы кӕнынц сывӕллӕтты экскурсийы дӕр. Лӕггӕтты нырма дӕр бирӕ цымыдисон ӕрмӕг ис, аргъ сын нӕй, фӕлӕ зонадӕн сты ахсджиаг.

- Цы цӕуы арӕзт туризмы размӕцыдӕн?

- Фӕстаг ӕзты туризм размӕ цӕуы, кӕд йӕм хицауады ʻрдыгӕй диссаджы хъусдард нӕй, уӕддӕр. Тынг феххуыс сты мини-уазӕгдӕттӕ. Уымӕй размӕ туристтӕн ӕхсӕвиуаты бынат ссарын уыд зын. Горӕты ма фӕзынд цалдӕр фирма, кӕцытӕ кусынц туристтимӕ. Экскурситы рцӕуынц Дзӕуджыхъӕуӕй дӕр. Иууыл популярон дӕр у Хъелы цады маршрут. Ис ахӕм туристтӕ, кӕцытӕ коллекци кӕнынц цы бӕстытӕм фӕуазӕг вӕййынц, уыдон. Хуссар Ирыстон дӕр у хӕдбар паддзахад ӕмӕ нӕ арӕнтӕ гом сты ӕцӕгӕлӕттӕн. Хуссар Ирыстоны ма зӕрдӕмӕдзӕугӕ у хӕххон туризм дӕр – Къуыдаргом, Урстуалтӕ. Ӕгӕрстӕмӕй Испанийы уазджытӕ систой Хуссар Ирыстоныл киноныв дӕр. Уый дӕр махӕн у хорз реклама ӕмӕ адӕм сабыргай цымыдис кӕнынц нӕ бӕстӕйӕ. Ацы аз скуыста фыццаг къахдзоныгътыл бырӕн трасса Цъоны, уыдӕттӕ иумӕ кӕнынц туризм размӕцыдмӕ.

© Из личного архива Вадима ПлиеваКъуыдаргомы лӕгӕттӕ
Къуыдаргомы лӕгӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Къуыдаргомы лӕгӕттӕ
© Из личного архива Вадима ПлиеваКъуыдаргомы лӕгӕттӕ.
Къуыдаргомы лӕгӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Къуыдаргомы лӕгӕттӕ.
© Из личного архива Вадима ПлиеваКъуыдаргомы лӕгӕттӕ.
Къуыдаргомы лӕгӕттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Къуыдаргомы лӕгӕттӕ.
1/3
Къуыдаргомы лӕгӕттӕ
2/3
Къуыдаргомы лӕгӕттӕ.
3/3
Къуыдаргомы лӕгӕттӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0