"Сау дуджы фæстаг æвдисæн": 20-ӕм ӕзты геноциды юбилеймӕ Хуссар Иры бацæттæ кодтой пьесæ

© Sputnik / Наталья АйриянОстъаты Алан
Остъаты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Сау дуджы фæстаг æвдисæн" аххæссыд XX æнусы цаутыл. 20-ӕм æзты геноцидæй дæрддæр ма чысыл эпизодты æвдыст цæуынц 1937 азы репресситæ, СФХ, 90-æм æзты хæст, ног дуджы фыдбылызтæ æмæ 2008 азы 26 августы бæрæгбон

Хуссар Ирыстоны 2020 азы сæмбæлдзысты ирон адæмы ивгъуыд æнусы 20-æм æзты геноциды 100 азыл. Мысæн мадзæлттæ ауадзыны нывæзтыл уынаффæ цæуы хицауады æмвæзадыл. Сæ нымæцы ис фæнд бæстæйы тугамæст историйы сыфтæ театры сценæмæ рахæссын. Сæрмагондæй уый тыххæй пьесæ "Сау дуджы фæстаг æвдисæн" ныффыста Хуссар Иры сгуыхт журналист, фыссæг Остъаты Алан. Автор радзырдта Sputnik пьесæйы сæйраг хæххытыл, цы историон æрмæгæй спайда кодта, чи йын æххуыс кодта æмæ кæд уыдзæн сценæйыл пьесæ, уыдӕтты тыххӕй.

- Ирыстоны æнусы размæ æрцæугæ бæллæх ссис дӕ пьесæйы бындур, куыд райгуырд йæ ныффыссыны хъуыды?

- Алкæцы адæм дæр хъуамæ хорз зоной сæ истори. Махæн та у хъæзныг, сæ нымæцы бирæ хорз цаутæ, фæлæ дзы ис сау хъуыддæгтæ, уæззаудзинæдтæ дæр. Ацы пьесӕ ныффыстон ивгъуыд ӕнусы 20–æм æзты сыхаг Гуырдзыстон цы геноцид расидт, уый тыххæй. Фидæнмæ 20 июны йыл æххæст кæны сæдæ азы. Уыцы тухæнты цы адæм фæмард сты лидзгæйæ, науæд Згъудеры къуылдымыл, уыдон уый аккаг сты æмæ сын сæ ном агурæм, канд юбилейты рæстæджы нæ, фæлæ ма æрвылбон дæр. Сæ туг кæй ныккалдтой, уый фæрцы мах цæрæм.

Пьесӕ фæзынд газет "Республика"-йы æнхъарæнæй, сæрмагондæй та мӕм йæ редактор Хъоцыты Андрей бахатыд, зӕгъгӕ, бафæлвар. Стæй йӕм цымыдис равдыста Дзудцаты Тамерлан – æз æй нымайын нæ дуджы стыр режиссерыл.

- Цы цаутæ æвдыст цæуынц уацмысы?

- Пьесӕйы архайад райдыдта, нæ хæдбардзинад нын Уæрæсе куы банымадта 2008 азы августы, уымӕй æмæ фæуд кæны Згъудеры къуылдымыл сабыр дуджы.

Уæрæсейы Паддзахадон думæйы депутат Виктор Водолацкий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон адæмы геноцид банымайыныл бакусдзысты Паддзахадон думæйы фракцитæ иууылдæр
Фыццаг фæнд кодтон самайын пьесæ 13 коммунары бæллæхы алыварс, фæлæ уый трагедийæн у йæ иу эпизод, уым бирæ сывæллæттæ ныццагъды ис, бирæ адæм бабын, æрмæст дзы Пацъа æмæ Леуахийы цӕугӕдӕттӕ цы фæластой, уыдон дæр цалдæр стыр хъæуы бæрц уыдысты. Ӕз æм бавнæлдтон арфдæр, Саломейы фæлгонц дæр дзы æвдыст æрцыд. Ис дзы дзуттаг архайӕг - уæд ам дзуттæгтæ дæр бирæ цард. Ис дзы, уæйгæнæджы символ чи ссис Ирыстоны, уыцы Лохты Артем, суаджын, дохтыр, гвардионтæ æмæ лигъдон адæм.

Ис дзы æмбырдон архайджытæ, 13 коммунары, ингæнкъахджытæ, сабыр лигъдонтæ. Сæйраг архайджыты нымæцы сты дыууæ чысыл лæппуйы, уымæн сæ бахастон æмæ сывæллон царды райдайæн у, стæй ма Дзудцаты Тамерланы спектаклы федтон сывæллæттæ хъазгæйæ. Уырны мæ, кӕй ссардзысты, ацы фæлгонц чи сæххæст кæна, ахæм сывæллæттæ, репликæтæ сын бирæ нæ бахастон.

Ацы дыууæ сывæллоны сты лигъдонты нымæцы, цæуынц Цæгат Ирмæ, фæндаджы бавзӕрстой стыр фыдæбæттæ æмæ стæй ныццыдысты Дыгургоммæ. Ӕрмæджы ма æвдыст цæуы историон æцæгдзинад, кæцыйæ бæлвырд у, 20-ӕм азты уæззау дуджы Дыгур тынг хорз кæй райстой Хуссар Ирæй лигъдæтты æмæ сæ фæстæмæ æрвыстой лæвæрттимæ.

- Зæгъыс, зӕгъгӕ, пьесæ æнцой кæны æрцæугæ цауты бындурыл, кæцæй истай æрмæг?

- Пьесæйы æрымысгæйæ æппындæр ницы ис, иууылдæр сты историон факттæ. Ӕз тынг бирæ æрмæг фæфарстон, æмбырд кодтон, уыцы цауты æвдисæнтæ чи уыдысты, уыдон мысинæгтæ.

Съемки фильма Геноцид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры сисдзысты нывæфтыд киноныв 20-æм æзты геноцидыл

Диссаджы æрмæгыл æмбæлдтæн. Раджы ацы хъуыддæгтыл тынг цъус æрцыд фыст. Уæды дуджы фысджыты дæр нæ азым кæнын. Уæд мах уыдыстæм кæйдæр дæлбар æмæ нын цы знаггад ракодтой, ууыл дæр кæм уагътой фыссын. Æз ма абон дæр дис кæнын Хъуылаты Созырыхъойы "Ӕртындæсæй иумæ, " Беджызаты Чермены "Ссыгъди цард" æмæ Плиты Харитоны "Сæлимæт" куыд бахастой ахуыргæнæн æрмæгмæ. Матейы сгуыхтдзинæдтыл дæр никуы кастæн, ахæм командиртæ нæм уыдис æмæ ма дзы Ирыстоны абон дæр иу-фондз куы уаид. Дзудцаты Арсен кæуылты уыд.

- Пьесæ цæттæ у, рацыд мыхуыры? Кæм æй ис бакæсæн?

- Æрмæг у цæттæ, режиссеримæ ма бадзырдтам, цæмæй дзы бафтауæм иу архайд. 13 коммунары куы ӕрцахстой, уæд сæ дардтой Овановты ныккæнды, абон дæр ма уыцы хæдзар ис Фырсыгъдæг Мад Майрæмы аргъуаны цур. Уым ирон лæппутæ арвыстой сæ фæстаг сахаттæ. Фæнды нæ равдисын, цы хъуыдытæ, бæллицтæ сын уыд. Ӕрмæг бакаст мæ уарзон ахуыргæнæг, театры литературон редактор Плиты Гацыр, уый йын скодта хорз аргъ. Кæд ыл театр райдайа кусын, уæд æм ʻркæсдзæн аивадон совет дæр.

- Куыд дӕм кӕсы, сарæхсдзысты нæ театры артисттæ радæттын спектаклы ацы æрмæг?

- Тынг диссаджы актертæ нæм ис, сценæйыл сæ куы уынын, уæд сæ цæстытæ цæхæр калынц, сæ фæлгонцы арф бацæуынц. Пьесæйы ис бирæ архайджытæ, чизоны ма бахъæуа æрхонын Цæгат Ирыстонæй дæр актерты. Сæйраг фæлгонцты мæ фенын фæндит Бибылты Сослан æмæ Галуанты Людайы.

- Де 'рмæджы аххæссыдтæ цалдæр дугыл – ныры рæстæг, 20-ӕм æзтæ æмæ уый фæстæ кæцыдæр нысаниуæгджын датæтæ. Ӕгæр уæззау нæ рацыд пьесӕ?

- Нæйы. Уымæн æмæ, СФХ, 37-ӕ аз æмæ æндæр цаутæ сты чысыл эпизодтæ, зæрдыл сæ æрлæууын кæнæм. Стæй нæ историйы уыцы рæстæджытæн ферох кæнæн нæй. Мах мысæм 20-ӕм æзты геноцид, фæлæ нын 37-ӕм азы культурон геноцид куы расидтысты, уымæн дæр нæй ферох кæнæн. Афтæ куы уыдаид æмæ 13 коммунары мæлæты фæстæ Ирыстон сулæфыд, фæлæ та нын нæ аккагдæрты ныццагътой – Гаглойты Рутенæй райдай ӕмæ бирæ дзæбæх лæппутыл фæу. Уыдон кой ма ракодтаин, уый бар мын нæ уыд. Æвдисæм дзы Санахъоты Матейы фæлгонц, кæцы разамынад дæтта хæстон операцийæн.

Сæйраг хъайтар Дзæрæх карджынæй æрыййæфта 26 августы бæрæгбон. Чысыл сабийæ уый йе ʻфсымæримæ уыдысты лигъдӕтты нымæцы, йе 'фсымæры йын 37-ӕм азы фесæфтой, фæлæ уый фæцард хæдбардзинады бонмæ. Йæ царды хахх у Ирыстоны историйы иу æнусимæ æнгом баст. Дзæрæхы таурæгъæй мах уынæм ацы цаутыл афæлгæст.

Пьесӕ иууыл куы радзурон, уæд æм кæсынмæ ничиуал бацæудзæн.

- "Сау дуджы фæстаг æвдисæн" мыхуыры рацæудзæн чиныгæй, науæд та журналы?

- Ноджы ма мын дыууæ пьесӕ ис, уыдонæй сæ иу у 2008 азы хæстон цаутæн нывонд, æрæджы рацыд журнал "Фидиуæг"-ы. Ацы æртæ пьесæ фæнд кæнæм рауадзын хицæн чиныджы хуызы.

Ног хабӕртты лентӕ
0