Ирон ӕвзаджы ахуыргӕнӕг: ме ‘стырдӕр хорзӕх – мӕ ахуыргӕнинаджы ӕнтыст

© Sputnik / Дриаты ЛейлаТедеты Батрадз
Тедеты Батрадз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон адæммæ бирæ профессионалон бæрæгбӕттæ ис, фæлæ уыцы номхыгъды се ‘гасæй кадджын дæр æмæ хуыздæр у Ахуыргӕнӕджы бон, уымæн æмæ цыфæнды профессийыл кусæг адæймаг дæр рацæуы уыдон къухæй

Сабаты, 5 октябры, Хуссар Ирыстон банысан кӕндзӕн Ахуыргӕнӕджы бон. Ацы бӕрӕгбон у уӕлдай кадджындӕр, уымӕн ӕмӕ алы ныййарӕг дӕр йӕ сывæллоны скъоламæ куы арвиты, уæд ӕй фыццаджы дæр фæнды, цæмæй йыл зæрдæхæлар æмæ зондджын ахуыргæнæг сæмбæла, кӕцы иттӕг хорз зоны йӕ предмет. Ирон æвзаг æмæ литературæйы урок та у сывæллоны зондахасты бындурæвæрæг, йæ цæстæнгас æрдзмæ, адæммæ æхсæнадон цардмæ парахатдæргæнæг.

Уæлдæр цы миниуджытæ ранымадтам ахуыргæнæгæн, уыдонæй се ‘ппæтæй дæр хайджын у Цхинвалы фæндзæм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Тедеты Батрадз.

Хæрзæгъдау, æхсидгæ хъаруйы хицау æрыгон ахуыргæнæг æвæллайгæйæ хъомыл кæны рæзгæ фæлтæры. Сывæллæттæ дæр йемæ æнцонæй цæуынц контактмæ. Цахӕм хъуамӕ уа нырыккон ахуыргӕнӕг, цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы уый, цы цымыдис кӕны ныры скъоладзауты ӕмӕ бирӕ ӕндӕр фарстытыл Батрадз радзырдта йӕ интерьюйы Sputnik уацхӕссӕг Дриаты Лейлайӕн.

- Нырыккон ахуыргæнæг куыд кусы, цæвæр зындзинæдтыл сæмбæлы?

- Кæй зæгъын æй хъæуы, алцæмæн дæр ис арæнтæ, уыимæ барынæн дæр. Фæлæ сывæллонæн æппæты фыццаг йе ‘ппæрццаг миниуджытæ хъуамæ ма райдайай æфхæрын, фæлæ дзы хъæуы фыццаджыдæр раппæлын, цæмæй æвзæрдзинадыл ма цайдагъ кæна. Бирæ сывæллоны куы ‘фхæрай æмæ йын куы уайдзæф кæнай, уæд ныкъкъуырма вæййы æмæ раст фæндагæй ахизы.

-  Æдзух æмхуызон кæм сты сывæллæттæ дæр, æнæ фыдуаг ми акæнгæ кæм нæ вæййынц. Ахæм рæстæджы та цавæр мадзæлттæй фæпайда кæныс?

- Ахуыры уæлдай-ма ахуыргæнæг хъомылгæнæг дæр у. Сывæллæттæй алчидæр хайджын у йæхи удыскондæй. Уыцы удысконд цæмæй раст бамбарай, уый тыххæй алкæй зæрдæмæ дæр хъуамæ ссарай фæндаг. Уый дæ къухы куы бафта, уæд дæ дарддæры куыст уыдзæнис æнцондæр.

- Цы зӕгъдзынӕ ирондзинад, ирон ӕвзаджы уавӕры тыххӕй?

- Куыд зонæм, афтæмæй ирондзинады бындур сты не ‘взаг, не ‘гъдæуттæ æмæ нæ фарн. Уыдон нын абон цы уавæры сты, стæй сомбон цы уагыл æвæрд уыдзысты, ууыл хъуамæ уа нæ сагъæс, нæ мæт. Мах нæ ирондзинадæн уымæн фаг аргъ нæ кæнæм, æмæ нын æй чи балæвар кодта, уыцы дзæнæты бадинаг фыдæлтæ чи уыдысты æмæ цы фарны хъуыддæгтæ арæзтой, цæмæй мах абон, сæ фæдонтæ, амондджынæй цæрæм, уыцы фыдæбæттæ нывыл нæ зонæм. 

Вæййы афтæ æмæ адæймаг тырнын райдайы ирон æвзагыл хорз дзурынмæ. Сахуыр кæны ирон литературон растдзурынады æгъдæуттæ грамматикæйы фæрцы, фæлæ уæддæр йæ бæллиц нæ сæххæст вæййы, уымæн æмæ арвылбон нæ фæфæлтæры йæ теоретикон зонындзинæдтæ практикæйы фæрцы бафидар кæныныл.

Цард размæ цæуы. Фæлтæр ивы фæлтæры. Абон ирон литературон æвзагыл дзурынц нæ театр, радио æмæ телеуынынады, ахуыр æй кæнынц скъолаты. Раст куы зæгъæм, уæд не ’взагæн абоны бон бирæ рæвдздæр сты йæ растфыссынады æгъдæуттæ йæ растдзурынады æгъдæуттæй.

Алы адæймаг дӕр хъуамæ дзура раст, рæсугъд, æнæкъуылымпыйæ. Уый та аразгæ у нæ интеллигенцийæ. Æвзаджы культурæйыл кусын хъæуы скъоладзаутимæ суанг сæ сабийы бонтæй фæстæмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0