Наниты Игорь: хъæуы фæкарздæр кæнын закондæттынад наркотиктæй пайда кæныны ныхмæ

© Sputnik / Наталья АйриянНаниты Игорь
Наниты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
6 декабры нысан кæнынц МХМ-йы системæйы наркотикты змæлды фæдыл органты бон. Куыд æппæт стыр советон тыгъдады, афтæ æвзонг паддзахады дæр ныббиноныг ис барадхъахъхъæнæг структурæты проституци æмæ наркотикты ныхмæ тохы хайад. 2008 азы хайад рацæрæзтой йæ ныры хуызмæ

Хайады ныртæккæ фæллой кæнынц 13 адæймаджы. 2019 азы дæлхайады хатдзаг у ахæм - ссардæуыд 361 къутæры гæн, æнæзаконон змæлдæй систой 2, 639 граммы марихуанæ, медицинон буарад лирикайы 110 капсулæйы. Ног азы уагдон фæнд кæны йæ куысты гъæд фæхуыздæр кæныны оххыл парламентмæ бацæуын закон фæкарздæр кæныны хъæппæрисимæ æмæ самал кæнын медицинон басгæрсты лаборатори. Уагдоны куыст, хатдзæгтæ æмæ уавæры тыххæй Sputnik радзырдта Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь

Гӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы цӕрӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕртӕ азы онг ахӕст гӕны тыххӕй

- Ӕхсæзæм декабры нысан цæуы наркотикты змæлды фæдыл органты бындурæвæрды бон, куыд сæвзæрд æмæ сфидар ацы хайад Хуссар Иры ?

- Раздæр дæр æмæ ныр дæр Хуссар Иры наркотиктæй пайда кæнын æмæ сæ парахат кæныны уæвæр аннæ бæстæтæм абаргæйæ у зынгæ хуыздæр- наркотиктæ ам сты къаддæр. Ивгъуыд æнусы 90-æм æзты Хуссар Иры дæр фæзынд наркотиктæ, фыццаг уый уыд "черняшка". Абон æй раивтой синтетикон æмæ медицинон наркотиктæй, æдзух фæзыны цыдæр ног æнæиртæст хуызтæ. Абон ацы уагдоны кусы 13 адæймаджы, фæлæ зæгъæн ис, æгас оперативон сконд, фадыгонтæ кусынц иумæйагæй фарстыл.

- Республикæйы районтæй кæцыйы арæхдæр æмбæлы гæн?

- Ивгъуыд аз Хуссар Иры бирæ къаддæр ссардæуыд гæн – 241 къутæры, ацы аз 10 мæйы бæрггæнæнтæм гæсгæ барадхъахъæнæг орантæ ссардтой 2 мин къутæры бæрц. Фылдæр бæрцæй гæны æнæркаст быдыртæ ис Ленингоры районы, хъæу Цъубенмæ хæстæг. Уым сæхæдæг зайынц æнæркастæй, æви нæ, уый мах агрономтимæ иумæ бæлвырд кæнæм. Зæгъæм, Цæгат Иры Архонкæйы быдыртæ гæнæй сты йедзаг. Йæ скуынæг кæнын дæр у зын, дымгæ йын йæ тауинаг хæссы. Ленингоры районы фарон кæм уыд, ацы аз дæр та сыл уым бамбæлдыстæм. Аннæ районты афтæ сæрибарæй никуы зайы. Кæд ссарæм, уæд вæййынц сæрмагондæй сагъд.

- Цавæр бæрндзинад хæссынц Хуссар Иры наркотиктæй пайда кæнын æмæ парахат кæныны тыххæй? Цал адæймаджы æрурæдтой ацы аз наркотикон буарадтæ химæ дарын æмæ пайда кæныны тыххæй?

- Ӕнæххæст азы дæргъы мах наркотиктæй пайда кæныны тыххæй бæрндзинадмæ æркодтам 90 адæймаджы, уыдон хæссынц административон бæрндзинад (1-3 мæйы ахæст, науæд та ивар 5-10 мин сомы). Йæ парахат æмæ уæй кæныны тыххæй та конд æрцыд 21 уголовон хъуыддаджы, уыдонæй раргом кодтам 18. Барадхъахъхъæнæг органтæ сбæлвырд кодой 90 цауы наркотиктæй æнæзакононæй пайда кæныны цаутæ.

 снюс  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы дуканийы уæйгæнæджы æрцахстой "снюс"-ы тыххæй

- Наркотиктæ чи парахт кæны, уыдон нæмттæ цæмæннæ цæуынц æргомгонд дзыллон информацийы фæрæзты?

- Резонансон хъуыддаг куы æрцæуы, уæд радтын хæслæвæрд, цæмæй йæ æхсæнад феной, равдисæм æй телеуынынады. Хуссар Иры Къацтæй иу сылгоймаджы цадæр хатт æрурæдтам снюс парахат кæныны тыххæй. Фæстаг хатт æм ссартам 79 къоппы. Уый размæ ʻрцыд иваргонд, стæй та дыууæ мæйы фæбадт. Фæлæ нæ басаст. Насвай æмæ снюс та махмæ, зæгъæн ис, фылдæр бæрцæй фæзындысты, Таджикистаны æмбæстæгтæ нæм куы райдыдтой цæуын, уæдæй фæстæмæ.

- Цалдæр азы размæ Хуссар Иры фæкарздæр кодтой наркотиктæй парахат æмæ пайда кæныны фæдыл закондæттынад, тобæгонд сты снюс, лирика æмæ насвай, ацы номхыгъд нæй гæнæн рауæрæхдæр кæнын?

- Нымайын, ноджыдæр кæй хъæуы фæкарздæр кæнын закондæттынад. Хъыгагæн, махæн фæзын вæййы наркотикон буарадтæй пайда кæныны факттæ сбæлвырд кæнын лабораторион уавæрты. Уыимæ иумæ не ʻмгуыстад æнæниздзинад хъæхъхъæнынады министрадимæ иумæ цæуы æвæрццаг хаххыл. 2020 азы фæзындзæн сæрмагонд ифтонгад, кæцыйы фæрцы бынаты цæудзæн æппæт сгæрстытæ дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0