Фильм "Последствия"-йы трейлер Шварценеггеримӕ Калоты Виталийы ролы

Рафыссын
Фильм "Aftermath" ("Фӕстиуджытӕ") Арнольд Шварценеггеримӕ Калоты Виталийы ролы экрантыл рацӕудзӕн ацы уалдзӕджы.

Сюжеты бындур ис ӕвӕрд Калоты Виталийы реалон истори, кӕцыйӕн 2002 азы йӕ бинонтӕ бабын сты авиакатастрофӕйы Бодены цады сӕрмӕ.
Киноныв ӕвдыст ӕрцӕудзӕн америкӕйаг кинотеатрты ӕмӕ цифрӕйон форматы 2017 азы 7 апрелы, хъусын кӕны сайт КиноПоиск.

Эллиотт Лестеры фильмы продюсер у Даррен Аронофски. Сценарий ныффыста Хавьер Гульон. "Фӕстиуджыты" сӕйраг роль сӕххӕст кодта Арнольд Шварценеггер.

Сюжетмӕ гӕсгӕ хъайтарӕн авиакатастрофӕйы бабын сты йӕ бинойнаг ӕмӕ чызг. Уый аскъуыддзаг кодта йӕхӕдӕг бафхӕрын, трагеди кӕй аххосӕй ӕрцыд, уыцы диспетчеры. Фильмы бындуры ис Калоты Виталийы реалон истори, кӕцы амардта авиадиспетчер Питер Нильсены.

Раздӕр Калоты Виталий йӕ комментариты Sputnik дзырдта, кӕй нӕ тӕрсы, йӕ царды истори фильмы зыгъуыммӕ ӕвдыст кӕй ӕрцӕудзӕн, уый у ӕнӕдызӕрдыг — уый та ӕрцӕудзӕн ӕрмӕстдӕр иу рӕстӕджы — кӕд ӕмӕ фильмы автортӕ фӕивой уголовон хъуыддаджы ӕрмӕджытӕ.

"Трагедийӕн йӕхицӕн нӕдӕр баивӕн ис, нӕдӕр сзыгъуыммӕ кӕнын. Шварценеггеры хайадистимӕ цы кинонывтӕм кастӕн, уыдоны та хъазы ӕвӕрццаг рольтӕ. Раст зӕгъгӕйӕ мӕ бынтондӕр не ′ндавы, куыд мӕ равдисдзысты, мӕнӕн иууыл ахсджиагдӕр сты мӕ мӕгуыр сывӕллӕтты мысинӕгтӕ", — банысан кодта Виталий.

Ног хабӕртты лентӕ
0