"Уыцы æхсæв горæтмæ æрбацыдысты гуырдзиаг æфсæддонтæ. Кæй æрбацæудзысты, уый нæ зыдтой æрмæст дæр ирæттæ", - банысан кодта Тарзан.
Тарзаны ныхæстæм гæсгæ, горæты цы гуырдзиæгтæ цард, уыдон сусæгæй ахъуызыдысты æмæ сæ сыхаг ирон адæмæн нæ загътой, æфсад кæй æрбацæудзæнис, уый.
Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий радзырдта, цы хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕндзӕн министрты кабинет, бӕстӕйы бюджеты социалон здӕхты тыххӕй ӕмӕ кӕд райдайдзысты хӕссын Инвестпрограммӕмӕ амбициозон проекттӕ, ууыл.
Ахӕм бонты таксисттӕ дӕр нал дзуапп кӕнынц, ӕмӕ кӕд ӕрбацӕуынц, уӕддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ клиенттӕм микрорайонмӕ бахизӕны, уый фӕдыл адӕмы бахъӕуы "ленк кӕнын" фӕндагыл.
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг командӕ "Цхинвал"-ы футболисттӕ Цӕгат Ирыстоны чемпионаты дыккаг матчы фӕхӕрд сты бынӕттон "Аланийӕн", хъусын кӕны РХИ фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.
Командӕйы сӕйраг тренер Коцты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг таймы цхинвайлаг футболисттӕн уыд хорз фадӕттӕ рамбулынӕн, фӕлӕ ауагътой цалдӕр хорз моменты.
"Фыццаг таймы командӕйы капитан Джиджойты Сослан райста травмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ хъазд бынтондӕр нал ацыд. Уымӕй дарддӕр ма командӕ у ӕвзонг - нӕ сын фаг кӕны фӕлтӕрддзинад", - банысан кодта футболистты тренер.
Хъазт ахицӕн 0:5 хыгъдӕй. Уый адыл командӕ "Цхинвал" ахсы ӕхсӕзӕм бынат Цӕгат Иры чемпионаты.