Цхинвайлаг спортсмен хайад райсдзӕн 2016 азы Олимпиаг хъӕзтыты

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæЦхинвайлаг спортсмен хайад райсдзӕн 2016 азы Олимпиаг хъӕзтыты
Цхинвайлаг спортсмен хайад райсдзӕн 2016 азы Олимпиаг хъӕзтыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рӕмонаты Cослан дунейы ерысты йе ‘нтыстджын архайды фӕрцы 2016 азы хайад райсдзӕн Олипиаг хъӕзтыты, хъахъхъӕндзӕн Уӕрӕсейы спортивон кад.

ЦХИНВАЛ, 11 сен — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсмен Рӕмонаты Cослан ссис Америкӕйы уагъдцӕуӕг дунейы ерысты хъӕбысхӕстӕй бронзӕйон призер, хъусын кӕны 15 регион.

2014 азы дунейы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Рӕмонаты Cослан йӕ спортивон ӕнтыстытӕ райдыта Цхинвалӕй. Ныридӕгӕн ис Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд комнадӕйы сконды, архайы 65 килограммы уӕзы категорийы.

"Ивгъуыд азы ӕнтыст сфӕлхат кӕнынын нӕ бантыст спортсменӕн — 2014 азы Рӕмонты Сослан ссис дунейы чемпион. Ныр йӕ къухы бафтыд ӕртыккаг бынат — ӕрдӕгфиналон тохы уый разынд узбекистайнаг спортсмен Ихтиор Наврузовӕй лӕмӕгъдӕр", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Рӕмонаты Cосланы цӕттӕ кӕнынц Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Мӕргъиты Анатолий ӕмӕ Рӕмонаты Станислав.

Ног хабӕртты лентӕ
0