Плиты Мӕдинӕ: инвалидтӕ сӕхи рохуаты хъуамӕ макуы хатой

© Инга Чехоева Хуссар Ирыстоны хӕстон архайдтыты инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвджыты фонды президент Плиты Мадинӕ
Хуссар Ирыстоны хӕстон архайдтыты инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвджыты фонды президент Плиты Мадинӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕртыккӕгӕм декабры ӕппӕт дунейы нысан цӕуы инвалидты бон. Хуссар Ир кӕд стыр бӕстӕ нӕу, уӕддӕр дзы сахъат адӕм ис дзӕвгар. Уӕззау уавӕртӕ ӕмӕ ӕппынӕдзух хӕстон архайдтытӕ аскъуыдтой бирӕ цардбӕллон удты, науӕд та сӕ ныууагътой сахъатӕй.

Цыбыр физикъон фадӕттимӕ адӕмы уӕззау цард фӕрогдӕр кӕныныл ныр цалдӕр азы дӕргъы архайы 1989 — 2008 ӕзты Хуссар Ирыстоны хӕстон архайдтыты инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвджыты фонд. Йӕ президент Плиты Мӕдинӕ радзырдта Sputnik фонды куысты, йӕ нысаны ӕмӕ пълӕнтты тыххӕй.

— Куыд сӕвзӕрд фонд ӕмӕ цы хӕстӕ ӕвӕры йӕ разы?

— Цалынмӕ фонд нӕ сӕвзӕрд, уӕдмӕ Цхинвалы уӕвынад кодта комитет "Память", кӕцы йӕ хӕсыл нымадта хӕсты бабынуӕвӕг ӕмӕ ӕбӕрӕгӕй сӕфт адӕмы бинонтӕн ӕххуыс кӕнын. Фӕстӕдӕр комитеты дӕлбар фӕзынд фӕцӕфуӕвӕг ӕмӕ сахъат адӕмӕн ӕххуысы хайад. 2008 азы хӕст ӕрхаста ног фыдбылызтӕ ӕмӕ сахъат адӕмы нымӕц зынгӕ фӕфылдӕр, уымӕ гӕсгӕ хъуыд сӕрмагонд орган, кӕцы тыхст адӕмы зындзинӕдтӕ скъуыддзаг кодтаид, ӕххуыс сын кодтаид. Афтӕ равзӕрд фонд.

— Цал адӕймаджы ис фонды хъусдады бын, цы ӕххуысы фадӕттӕ уын ис?

— Абон нӕ уагдоны сконды ис, райгуырӕн бӕстӕйы сӕрвӕлтау удуӕлдай тох чи кодта, йе ‘нӕниздзинадыл ӕнӕаууӕрдгӕйӕ, ӕмткӕй 200 адӕймаджы онг. Организаци йӕ куыст ӕххӕст кӕны республикӕйы сӕргълӕууӕг Тыбылты Леониды фӕрцы, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады ӕххуысӕй. Хуссар Ирыстоны фыдыбӕстӕйон хӕсты хъӕбатыртӕ архайынц нысаниуӕгджын бӕрӕгбӕтты, арӕзт сын цӕуынц балцытӕ алыгъуызон хосгӕнӕндӕттӕм, улӕфӕндӕттӕм. Фонды уӕнгтӕй бирӕтӕ сты паддзахадон хорзӕхты хицӕуттӕ.

© Инга ЧехоеваФонд инвалидов войны в Южной Осетии
Фонд инвалидов войны в Южной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фонд инвалидов войны в Южной Осетии

 — Фыццаг рады фонд кӕцы категориты инвалидтӕн ӕххуыс кӕны ӕмӕ цавӕр социалон ӕххуыс исынц сахъат адӕм?

— Фыццаг рады архайӕм баххуыс кӕнын, уӕззау цӕфтӕ чи райста райгуырӕн бӕстӕйы сӕрвӕлтау тохы, уыдонӕн. Стӕй ма нӕ хъусдард здӕхт у, цӕмӕй дӕрддзӕф районты чи цӕры, уыдон сӕхи рохуаты ма хатой. Республикӕйы къухдариуӕгады финансон ӕххуысы фӕрцы арӕзт цӕуынц фонды уӕнгтӕн культурон балцытӕ, сӕ фӕллад уадзынц ӕнӕниздзинад ӕндидзынгӕнӕн центрты. Фонды бирӕтӕ сты сӕ тыхы ӕмӕ сӕ фӕнды кусын. Мах фӕнды бахатын республикӕйы къухдариуӕгадмӕ, цӕмӕй райсӕм арӕзтадон объекттӕ, цӕй фӕрцы сахъат адӕмӕн уыдзӕн куыст ӕмӕ цӕрыны фӕрӕзтӕ ӕмӕ сӕхи рохуаты нӕ хатдзысты. Йӕ райгуырӕн бӕстӕйӕн йе ‘нӕниздзинад чи нӕ бавгъау кодта, уыдонӕн аккаг уавӕртӕ хъуамӕ уа цӕрын ӕмӕ кусынӕн.

© Чехойты ИнгаХуссар Ирыстоны хӕстон архайдтыты инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвджыты фонд.
Хуссар Ирыстоны хӕстон архайдтыты инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвджыты фонд. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны хӕстон архайдтыты инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвджыты фонд.

— Куыд фидар цӕуынц фонды ахастытӕ ӕндӕр бӕстӕты ӕнгӕс организацитимӕ?

— Цалдӕр азы нын ис ӕмгуыстадон ахастытӕ хӕстон травмӕ ӕмӕ Афганистаны хӕсты ветеранты ӕппӕтуӕрӕсейон ӕхсӕнадон организаци "Инвалиды войны"-имӕ, цӕй фӕрцы ӕрвылаз дӕр нӕ инвалидтӕ ацы организацийы реабилитацион центры фидар кӕнынц се ‘нӕниздзинад. Уымӕй дарддӕр ма нын ӕххуыс кӕны организацийы цӕгатирыстойнаг хайад. Ахӕм ӕмгуыстады фӕрцы горӕты фӕндзӕм скъолайы кӕрты ӕвӕрд ӕрцыд Афганистаны хӕстонтӕн цырт. Ноджы уӕрӕх кӕнӕм не ‘мгуыстады фадӕттӕ, ӕнгом ахастытӕ сфидар кодтам Абхазы фыдыбӕстӕйон хӕсты инвалидты паддзахадон ӕнӕбюджетон фондимӕ.

© Чехойты ИнгаХуссар Ирыстоны хӕстон архайдтыты инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвджыты фонд.
Хуссар Ирыстоны хӕстон архайдтыты инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвджыты фонд. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны хӕстон архайдтыты инвалидты ӕмӕ фӕцӕфуӕвджыты фонд.

Нӕ минӕвӕрттӕ хайад райстой ӕфсымӕрон республикӕйы Уӕлахизы боны мадзӕлтты. Уыд нын фембӕлдтӕ Абахазы къухдариуӕгадимӕ. Абхазы бӕрнон структурӕтӕн президент Рауль Хаджимбайы хӕслӕвӕрдмӕ гӕсгӕ, хъуамӕ арӕзт ӕрцӕуой фадӕттӕ Хуссар Ирыстоны сахъат адӕмӕн Гаграйы протезтӕ аразыны центры баххуыс кӕнынӕн. Уый дӕр уыдзӕн ӕввӕрццаг фӕзынд, йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахӕмты царды. Ӕввахс рӕстӕджы та дыууӕ ӕфымӕрон республикӕты инвалидты ӕхсӕнадты баиу кӕндзӕн ӕмгуыстады бадзырд.

Ног хабӕртты лентӕ
0