Цард денджызы æмвæзадæй 1 600 метры бæрзонддæр

© Sputnik / Михаил ХасиевЗгъубир
Згъубир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Кæддæр цæрæгджын уæлхох хъæу Згъубиры ныр ис æрмæстдæр 10 цæрæджы. Sputnik уацхæссджытæ фæуазæг сты бынæттон цæрджытæм. Кæцытæ сын æрдзырдтой сæ бонтæ куыд æрвитынц.

ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ис дæсгай хъæутæ, кæцыты ма æрæджы дæр цард йæ былтæй калд. Уæлхох хъæутæ сафтид сты хæст æмæ йæ фæстæ хæлæттаг рæстæджы, стæм хатт ма бацæуынц туристтæ æмæ активон улæфты уарзджытæ. Стæм хъæуты ма баззад царды улæфт, ам сæ бонтæ æрвитынц хистæр кары адæм, кæцытæ хуыздæр цардагур нæ ныууагътой сæ хъæу.

Sputnik уацхæссæг фæуазæг Хуссар Ирыстоны алæмæттагдæр бынæттæй сæ иумæ — уæлхох хъæу Згъубирмæ.

Згъубир лæууы денджызы æмвæзадæй 1 600 метры бæрзонддæр. Хъæу æмбæхст у Дзауы районы Сбайы комы хæхты æхсæн, хъæу дыууæ дихы кæны лæбурæг Сбадон, кæцы ныртæккæ фæлыстæгдæр ис. Фæлæ уалдзæджы, хæхты мит тайын куы райдайы, уæд бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, уый раивылы дæсгай метры бæрц.

Хъæумæ бацæуын, уæлдайдæр та, зымæгон рæстæджы æнцон нæу. Транскамы асфальтгонд фæндагæй фæзилгæйæ, Згъубирмæ цæуын хъæуы дзыхъхъытæ митын фæндагыл дæс километры бæрц уæлæмæ. Хуымæтæг машинæйыл æм зымæг цæуæн нæй. Базонын ма бахъæудзæн фæндаджы уавæр дæр. Фæндаджы цур, ПАИ-йы посты нын загътой, зæгъгæ фæндаг сыгъдæг у митæй. Афтæмæй та разынд, хъæумæ æмæ фæстæмæ миты хъæпæнты æхсæнты кæй "афæндаг кодта" уæзласæн машинæ.

© Sputnik / Хаситы Михаил Чысыл аргъуан хъӕуы кӕрон
Чысыл аргъуан хъӕуы кӕрон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Чысыл аргъуан хъӕуы кӕрон

Фæлæ бынатмæ бацæугæйæ нæ фыдæбæттæ æвиппайды æрбайрох сты — нæ разы æрлæууыд æрдзы аив ныв, хохы бæрзæндтæ митын худты… Февралмæ æнæкæсгæйæ дзы ис хъарм уæлдæф, хур æндавы уалдзыгон хурай, уæлдæф у сыгъдæг.

Фыццаг бакастæй хъæу зыны æдзæрæг, æвиппайды нæ разынынц хæдзæртты раз къахы фæдтæ. Кæддæр цæрæгджын хъæу Згъубиры ныр иудадзыгæй цæры 10 адæймаджы. Хæныкъаты Махар райгуырд, схъомыл æмæ æнæхъæн цард арвыста ам, уый æнæзивæгæй дзуры йæ царды хабæрттæ.

Ацы хъæуы куыд цæрынц, уымæн дзуаппгæнгæйæ, йæ мидбылты худы: "цæрæм æрсытæ сæ лæгæты куыд цæрынц, афтæ"

"Мæ хиуæттæ иууылдæр цæрынц чи Дзæуджыхъæуы, чи та Цхинвалы. Мæхæдæг бирæ æзты кусын Ручъы хъæусоветы, ардыгæй ацæуын мæ æппындæр никуыдæм фæнды", — дзуры уый.

Сæрмагонд машинæ сæ никæмæн ис, уымæ гæсгæ трассæйы онг цæуынц фистæгæй.

"1971 азы æрæздæхтæн æфсадæй, райдыдтон кусын Ручъы колхозы. Уый фæстæ та совхозы. Мæхи цы хъуыды кæнын, уымæй иууылдæр цæуын фистæгæй æмæ Хуыцауы фæрцы, удæгас æмæ æнæниз дæн",- худы Махар.

© Sputnik / Тадтаты РусланФыццаг фембӕлдыстӕм хъӕуы цӕрӕг Хӕныкъаты Махарыл
Фыццаг фембӕлдыстӕм хъӕуы цӕрӕг Хӕныкъаты Махарыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыццаг фембӕлдыстӕм хъӕуы цӕрӕг Хӕныкъаты Махарыл

Бынæттон цæрджыты æнæниздзинады уавæрмæ йæ хъус дары медицинон хо, кæцы кусы бынæттон медпункты. Фыццаг æххуыс бакæнынæн дзы алцыппæтдæр ис. Стæм хатт бахъæуы УУМ-ы ирвæзынгæнджыты æххуыс. Кæддæрты хъæумæ фæуазæг вæййы зæронд дохтыр Александр Сергейы фырт, кæцыйы хъæуккæгтæ хуымæтæгæй хонынц Пушкин.

Хъæуы бирæ рæстæг нæ уыд электрон рухс. Гуырдзыстонимæ хæст куы райдыдта, уæд электрон рухсы тыххæй ферох кодтой — уый сæм нæй уыд æнæхъæн 19 азы. Рухс сæм ногæй фæзынд 2012 азы æмæ ссис æцæг бæрæгбон. Цæрджытæ сæ изæртæ райдыдтой телевизорты раз æрвитын. Бынæттон телеканал сæм не вдисы, æрмæстдæр уæрæсейаг каналтæ.

Мах фæуазæг стæм Гобозты Тинæмæ. Зæронд хъæдын хæдзары ис дыууæ хатæны, стырдæр хатæны дзы ис сугы пец. Æфсин сызмæста хыссæ. Хъуамæ скæна хъæууон хæрзад дзул.

© Sputnik / Тадтаты Руслан Хъӕуы цӕрджыты хӕдзарон митӕ
Хъӕуы цӕрджыты хӕдзарон митӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕуы цӕрджыты хӕдзарон митӕ

"Алцыдæр нæхимæ ис, æрбаласæм æрмæстдæр ссад æмæ сæкæр, афтæ ма нæ цæхæрæдæтты цы нæ зайы, ахæм продукци. Фæстауæрцтæ скæнæм фæззæджы, цалынмæ мит нæ рауары. Зымæг та нæм раджы æрлæууы",- дзуры Тинæ.

Згъубиры уазджытыл æмбæлынц æхсызгонæй. Бынæттон цæрæг Маринæ нæ фæхуыдта сæхимæ аходæнмæ. Фынджы уæлхъус дзуры, куыд цæры ам. Дзуры зæгъгæ, сæрды хъæу айдзаг вæййы сывæллæтты худынæй, изæрыгæтты цæрджытæ æрæмбырд вæййынц кæрты æмæ хъæлдзæгæй сæ рæстæг æрвитынц.

Йæхæдæг дыууын азæй фылдæр куыста медицинон хойæ районон рынчындоны. Уый фæстæ куыста Згъубиры библиотекæйы.

"Библиотекæ сæхгæдтой фондз азы размæ, чингуытæ та аластой Рукъмæ. Хорз чингуытæ нæм уыд. Сыхаг хъæуы лæууæг арæнхъахъхъæнджытæ-иу арæх хастой чингуытæ бакæсынмæ. 2006 азы æнтыстджынæй сарæзтон мæхи фермерон хæдзарад. Цыбыр æмгъуыдмæ бафыстон мæ хæстæ. Ныр дæн пенсиисæг, стæмхатт ма ныфтын горæтмæ мæ хъæбулы хъæбулты абæрæг кæнынмæ",- дзуры Маринæ.

Дзуры, уазджытæ амы бынаты арæх кæй не сты, фæлæ арæх кæй æрæмысы иу уæрæсейаг журналисты. Уый ам арвыста дæс боны. Æрцыд æмæ айтынг кодта цатыр Маринæйы хæдзармæ æввахс. Иу райсомæй ракуырдта Маринæйæ æхсыр, фидынмæ куы æрхъавыд, уæд Маринæ фæхъыг.

© Sputnik / Тадтаты РусланХъӕуы цӕрӕг Цоциты Марина
Хъӕуы цӕрӕг Цоциты Марина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕуы цӕрӕг Цоциты Марина

"Махмæ худинаджы ми у уазджытæн æхсыр уæй кæнын. Исчи нæм куы фæуазæг вæййы — турист, улæфæг æви журналист — алкæйдæр ацаходын дзул, цæхджынтæй, цыхтæй, кæцытæ ам сты алкæй хæдзары дæр",- дзуры Маринæ.

Бынæттон цæрджытæ тыхсынц æрмæстдæр нуазыны донимæ проблемæйæ, дон хæссынц иу километры дæрддзæфæй. Бон цалдæр хатты дæр. Хъæуы ма тыхсынц уынгты рухстæ кæй басыгъдысты уымæй дæр. Фæлæ сæ ныфс ис ацы проблемæтæ дæр æввахс рæстæджы скъуыддзаг кæй æрцæудзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0