Хуссар Иры УУМ sms-ты руаджы фӕдзӕхсдзӕн цӕрджыты уӕлвӕткон уавӕртӕй тасы тыххӕй

© Sputnik / Руслан ТадтаевЗамглавы МЧС РЮО Алан Тадтаев
Замглавы МЧС РЮО Алан Тадтаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдон ӕмгуыстад кӕндзӕн чырон оператор "Остелеком"-имӕ, цӕмӕй уӕлвӕткон уавӕры, кӕнӕ йӕ ӕрцӕуынӕй тасы рӕстӕджы адӕмӕн лӕвӕрд цӕуа оперативон информаци sms-ты руаджы.

ЦХИНВАЛ, 22 дек — Sputnik. Уӕлвӕткон уавӕрты сывзӕрыны тасы тыххӕй, Хуссар Ирыстоны цӕрджыты фӕдзӕхсдзысты sms-ты руаджы, фехъусын кодта Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министры хӕдивӕг Тадтаты Алан.

На заблокированном участке Транскама обстреливают лавинные очаги - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам сыгъдæг кæнынц зæйтæй

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм фадат фӕзынд 21 декабры Уӕлвӕткон уавӕрты министрад ӕмӕ бынӕттон чырон оператор Мегафоны ӕмархайды ног регламенты руаджы.

"Нӕ ведомствӕ бафыста компани "Мегафон — Хуссар Ирыстон"-имӕ ӕмархайды регламент, цӕй фӕрцы фӕзынд фадат цӕрджыты уаӕлвӕткон уавӕры сӕвзӕрды кӕнӕ сӕвзӕрыны тасы тыххӕй фӕдзӕхсын", — загъта Тадтаты Алан.

Республикӕйы цӕрджытӕ ныридӕгӕн ӕвӕрццаг аргъ скодтой ацы ногдзинадӕн. Иууыл ахсджиагдӕр уый у зымӕджы, Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсеимӕ цы иунӕг фӕндаг Транскам иу кӕны, уым куы вӕййы тыхджын минтуард ӕмӕ сӕвзӕры зӕйтӕ ӕрцӕуынӕй тас.

"Зымӕджы, фӕндаг гӕнӕн ис ӕмӕ иу боны мидӕг ӕхгӕд ӕрцӕуа цалдӕр хатт дӕр. Кусын таксистӕй ӕмӕ ӕз ӕмӕ мӕ коллегӕты арӕх бахъӕуы телефонӕй бадзурын вокзалы диспетчерон службӕмӕ, науӕд та УУМ-ы диспетчертӕм. Ныр sms-ты фӕдзӕхстты фӕрцы, ахӕм ӕнӕмӕнгхъӕуындзинады сӕр нал ис ӕмӕ мах иудадзыг стӕм ифтонг информацийӕ, цы уавӕр ис Транскамыл", — загъта Sputnik таксийы шофыр Бичъикъаты Эдуард.

Расчистка снежных завалов на Транскавказской автомагистрали - Sputnik Хуссар Ирыстон
Транскам зæйтæй хъахъхъæндзысты 200 адæймаджы

Ахӕм sms-фӕдзӕхсттӕ, ӕрмӕст таксисттӕн не сты пайда, фӕлӕ ма Цӕгат Ирыстонмӕ бӕлццӕттӕй алкӕмӕн дӕр.

"Знон уыдтӕн Дзӕуджыхъӕуы, мӕ телефонмӕ куы ӕрбацы, УУМ-ы хъусинаг, 21-23 декабры Транскамыл кӕй ис зӕйтӕй ӕрцӕуынӕй тас. Ӕз уайтагъд сарӕзтон мӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ раздӕхтӕн Цхинвалмӕ, цӕмӕй мӕ хӕдзармӕ фӕхӕццӕ уон, цалынмӕ зӕй не ′рцыд, уӕдмӕ", — дзуры Цхинвалы цӕрӕг Медея.

Ног хабӕртты лентӕ
0