Цхинвалы бакӕндзысты равдыст "Фыдæлты ном арынæн"

© Пресс-служба министерства культурыПамяти предков
Памяти предков - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хицауады рабадты стыр залы фойейы фенӕн уыдзӕн Къацты Вадимы хуызфыссынады здӕхӕны ӕххӕст куыстытӕ ӕмӕ Кӕсӕбиты Андрейы скульптурӕтӕ

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады ӕмархайдӕй Цхинвалы ацӕудзӕн Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгӕнӕг Къацты Вадим ӕмӕ скульптор Кӕсӕбиты Андрейы куыстыты равдыст, фехъусын кодтой Sputnik уагдоны пресс-службӕйы. 

Хицауады рабадты стыр залы фойейы фенӕн уыдзӕн Къацты Вадимы хуызфыссынады здӕхӕны ӕххӕст куыстытӕ ӕмӕ Кӕсӕбиты Андрейы скульптурӕтӕ

Художник Вадим Каджаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къацты Вадим: равдыст "Фыдæлты ном арынæн" нывонд у скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæн

"10 августы хицауады рабадты стыр залы ӕрбакӕндзысты Къацты Вадим ӕмӕ Кӕсӕбиты Андрейы куыстыты равдыст "Фыдæлты ном арынæн", — загътой уагдоны.

Къацты Вадим у Колыты Аксойы номыл Цхинвалы аивӕдты лицейы рауагъдон. 2009 азы уый ссис Санкт-Петербурджы паддзахадон нывгӕнӕн, скульптурӕ ӕмӕ архитектурӕйы институты хуыздӕр рауагъдон. 2013 азы та Къацты Вадим ссис Санкт-Петербурджы премийы лауреат. У Уӕрӕсейы нывгӕнджыты цӕдисы уӕнг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг.

Кӕсӕбиты Андрей персоналон равдыстытӕ ацыдысты Цхинвалы ӕмӕ Дзӕуджыхъӕуы. Йӕ армӕй рацӕугӕ куыстытӕ хицӕн ӕзты балӕвар кодтой ахӕм зындгонд адӕймӕгтӕн куыд: Владимир Путин, патриарх Кирилл, Сергей Шойгу, Рамзан Кадыров, Мамсыраты Таймураз, Зӕгъоты Алан ӕмӕ ӕндӕртӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0