Бибылты Анатолий снысан кодта ног æххæстбарджын минæвары парламенты

© Sputnik / Ада БагианПредседатель комитета информации и печати В.Гобозов
Председатель комитета информации и печати В.Гобозов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент йæ минæварæй парламенты снысан кодта Гобозты Вячеславы

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий снысан кодта ног æххæстбарджын минæварæй парламенты Гобозты Вячеславы, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.

Раздæр ацы бынаты уыд Козаты Мадинæ, кæцы ацыд отставкæйы ацы аз апрелы.

Гобозты Вячеслав раздæр æзты лæууыд Хуссар Ирыстоны мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты сæргъ, уый фæстæ та уыд хицауады минæвар республикæйы парламенты. Ацы бынатмæ снысаны онг та куыста президентон администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0