Хуссар Иры МХМ ауадздзæн рейдтæ хъæдты æмæ цадты цур

© Sputnik / Нина Зотина /  Ахизын медиабанкмæОтдых на реке
Отдых на реке - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Патрултæ сæ хъус дардзысты доны æдасдзинады уагæвæрд куыд цæуы хъахъхъæд æмæ цæмæй улæфджытæ сæ фæстæ бырæттæ æмæ зынг ма уадзой, уымæ

ЦХИНВАЛ, 11 авг — Sputnik. Фæсгорæт фæлладуадзæн бынæттимæ уавæр домы æдасдзинады мадзæлтты фæтыхджындæр, уыцы нысанæн сæ хъусдардмæ райсдзысты МХМ-ы патрултæ, хъусын кæны ведомствæйы пресс-службæ.

"Ӕнтæф боныгъæды ныллæудимæ горæты цæрджытæ агуылф кæнынц æрдзы хъæбысмæ æмæ уыимæ иумæ арæх хъахъхъæд нæ цæуы æдасдзинады уагæвæрд. Ис цаутæ æмæ иу адæм бахаудтой фыдбылызы доны, уыдонæн та сæ сæйраг аххосæг вæййы нозт", — дзырдæуы хъусинаджы.

МВД - Sputnik Хуссар Ирыстон
Министр: Хуссар Иры МХМ фæкъаддæр кæндзæн йæ кусджыты нымæц 300-йы онг

Сæвзæргæ уавæры фæдыл МХМ-ы сæргълæууæг Наниты Игорь сарæзта æмбырд æмæ бацамыдта кусджытæн, кæй хъæуы райсын хъусдардмæ фæлладуадзæн бынæттæ.

"Фæлладуадзæн бынæтты æхсæнадон уагæвæрд æмæ æдасдзинад сифтонг кæныны нысанæн, хъæуы саразын къордтæ æмæ зилын патрулы фадыгон инспекторты, ПАИ-йы управленийы кусджыты, патрулон-постон службæйы дæлхайадты тыхтæй. Рейдтæ хъæуы уадзын РХИ УУМ-ы минæвæрттимæ", — хъусын кæны министры ныхæстæ йæ пресс-службæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0