Мæскуыйы ацæудзæн Беслæны амæттæгты номарæн акци

© Sputnik / Дзерасса БиазартиБеслæн
Беслæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Панихидæ уагъд æрцæудзæн Фырсыгъдæг Мад Майрæмы Фынæты аргъуаны 3 сентябры

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Беслæны амæттæгты номарæн акци ацæудзæн Мæскуыйы æртыккæгæм сентябры, хъусын кæны Уæрæсейы президенты цур Цæгат Ирыстоны иудадзыг минæварады пресс-службæ.

Акция памяти жертв бесланской трагедии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Беслӕны фӕстӕ 1 сентябрь Ирыстоны бӕрӕгбон нал у

Террористон акты фæмардуæвджыты фæдыл панихидæ ацæудзæн Фырсыгъдæг Мад Майрæмы Фынæты аргъуаны раз фæзуатыл. Æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æдзæмæй алæугæйæ ссардзысты бабынуæвджыты рухс нæмттæ, сæвæрдзысты дидинтæ æмæ суадздзысты 334 урс тымбылæджы — фæйнæ теракты алы амæттаджы тыххæй дæр.

Мадзалмæ æрбацæудзысты горæт Беслæны 1-æм скъолайы раздæры ахуыргæнинæгтæ, УФ Федерацийы Советы уæнгтæ, УФ Паддзахадон Думæйы депутаттæ, Мæскуыйы хицауады минæвæрттæ, Мæскуыйы ирон диаспорæйы, афтæ ма æхсæнадон организациты æмæ змæлдты уæнгтæ, мæскуыйаг скъоладзаутæ.

12:30 сахатыл Фырсыгъдæг Мад Майрæмы Фынæты аргъуаны динамонæг, фыд Георгий ауадздзæн Хуыцаумæскуывд Беслæны террористон акты амæттæгты ном арынæн.

Солженицины номыл Уырыссаг фæсарæнты хæдзары 14:30 сахатыл ацæудзæн документалон фильм "Беслан. Память"-ы равдыст.

Древо скорби в Беслане - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кавказы хохы дыууæ цъуппæн ратдзысты Беслæны бæллæхы ирвæзынгæнджыты нæмттæ

Ӕрвылаздæр 3 сентябры терроризмы ныхмæ тохы æмзæрдæдзинады боны, Уæрæсейы уагъд цæуынц террористон акты амæттæгты ном арынæн нывонд мемориалон мадзæлттæ.

Беслӕны 1-ӕм скъолайы 2004 азы террористтӕ амытӕнты систой ахуыргӕнджытӕ, ахуырдзаутӕ ӕмӕ сӕ ныййарджыты. Ӕртӕ боны хъизӕмӕртты фӕстӕ аскъуыддзаг тыхст адӕмы хъысмӕт — тыхон структурӕтӕ бӕстыхай систой штурмӕй. Ацы трагеди ахаста 334 царды, уыдонӕн сӕ фылдӕр уыдысты ӕнахъом сабитӕ.

2004 азы Беслан ӕвирхъау трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ӕрвылаз ссарынц Хуссар Ирыстоны дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0