Ирон актер Сланты Дзамболат ахъаздзæн ног сериалы ТНТ-йыл

© Газета "Слово"Джамболат Сланты
Джамболат Сланты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект "Улица" уыдзæн дыккаг сериал, цы ран архайдзæн Дзамболат

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Ног бирæсерион уæрæсейаг кинонывы ахъаздзæн ирон актер Сланты Дзамболат, хъусын кæны газет "Слово".

Фильм "Улица" уыдзæн дыккаг сериал, цы ран архайдзæн Дзамболат.

Проекты архайынц сериал "Реальные пацаны"-йы сфæлдисджытæ, цы ран архайдта Сланты Дзамболат дæр.

"Куыд мæ агуырдтой, уый рауад цымыдисон истори. Мæ номыртæ сын фесæфтысты. Сериал "Реальные пацаны"-йы кастинг-директормæ адзырдтой, кæцы уæдмæ ацыд цæрынмæ Америкæмæ. Фæстагмæ мæ ссардтой Фейсбукы. Афтæ бахаудтæн сериалмæ", — радзырдта газетæн актер.

Кинонывы Сланты Дзамболат сæххæст кæндзæн кавказаг лæджы фæлгонц, фæлæ ацы хатт уый уыдзæн æвæрццаг персонаж.

Логотип фильма - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дыгъуызты Алан: фильм "Бача" у уӕззау хъуысмӕтимӕ адӕймаджы истори

"Уый у хуымæтæг лæппу, кæцыйæн ис йæхи чысыл бизнес, хæларæй цæры йæ сыхæгтимæ æмæ бахауы алыгъуызон уавæрты", — дзуры актер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сериал йӕхæдӕг ист у комедион драмӕйы жанры, ӕвдыст дзы цӕуы ӕнтыстджын бизнесмены цард, кӕцыйы хисӕрмагонд компанийы куыст ныннымӕг. Уый йӕ бинонтимӕ бахъуыд ацӕуын цӕрынмӕ Мӕскуыйы элитон районӕй ӕндӕрмӕ, цы уынгыл схъомыл, уырдӕм.

Киноныв экрантыл рацӕудзӕн 2017 азы октябры. Автортӕ ныридӕгӕн систой 45 серийӕ фылдӕр, Сланты Дзамболат дзы хъазы алкӕцыйы дӕр.

Актеры фильмографийы ис 11 фильмы, се хсӕн "Легавый", "Уральская кружевница", "Стреляющие горы", "Мент в законе" ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0