Ахуырады министрад бафыста ӕмгуыстады меморандум УФ университетимӕ

© Sputnik / Зара ВалиеваХуссар Иры минӕварад УФ-йы
Хуссар Иры минӕварад УФ-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мӕскуыйы бафыстӕуыд ӕмгуыстады фӕдыл меморандум Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад ӕмӕ геологон-сгарӕн университеты хсӕн

ЦХИНВАЛ, 28 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ахуырады министрад ӕмӕ уӕлдӕр ахуыргӕнӕндон "Серго Орджоникидзейы номыл Уӕрӕсейаг паддзахадон геологон-сгарӕн университеты" хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл меморандум бафыст ӕрцыд 27 ноябры Мӕскуыйы, хъусын кӕны Уӕрӕсейы уӕвӕг РХИ минӕварады пресс-службӕ.

Министр образования РЮО Натали Гассиева - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Натали: Уæрæсеимæ кæрæдзи дипломтæ нымайыны бадзырд дæтты ног бартæ

Документыл сӕ къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой Хуссар Иры ӕххӕстбарджын минӕвар Гасситы Знауыр ӕмӕ геологон-сгарӕн университеты ректор Вадим Косьянов.

Меморандум рагхыгъд кӕны ӕмгуыстады райтынг квалификацион кадртӕ бацӕттӕ кӕныны къабазы.

Гасситы Знауыр бузныг загъта Вадим Косьяновӕн ӕмӕ равдыста ныфс, бадзырды пунктты реализаци кӕй фӕахъаз уыдзӕн зонад ӕмӕ ахуырады къабазы ӕмгуыстад ног ӕмвӕзадмӕ ракӕнынӕн, афтӕ ма ахуырады националон системӕты фӕхуыздӕр кӕнынӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0