ЦХИНВАЛ, 22 янв— Sputnik. Зарæггæнæг Джиоты Вероника æмæ Мæскуыйыг театр "Ног опера"-йы иумæйаг проект – фестиваль "Операйы тыгъдад" ацæудзæн Театры сæйраг сценæйыл, хъусын кæны Мæскуыйаг театр "Ног Опера"-йы пресс-службæ.
Концерттæ ацæудзысты 24, 28 февралы æмæ 11, 17, 21 марты. Фестиваль суыдзæн фондз изæры сфæлдыстадон портрет, программæтæ фенын кæндзысты артисткæйы куырдиаты алыварсондзинад æмæ репертуарон фадæттæ.
Мадзалы организатор у горæт Мæскуыйы культурæйы департамент.
Джиоты Вероника у Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ, бирæ конкурсты, уый нымæцы Мария Калласы Гран-прийы лауреат.