Sputnik ныффыста Хъуылымбегты Сосланы авторон зарæг ирон æвзагыл

Рафыссын
Зындгонд ирон музыкант банысан кодта, ацы композици кæй у йæ фыццаг авторон зарæг мадæлон æвзагыл

ЦХИНВАЛ, 31 янв— Sputnik, Уалыты Диана. Sputnik мæскуыйаг фæзуатыл айзæлдыл Хъуылымбегты Сосланы зарæг ирон æвзагыл.

"Уый у мæ фыццаг авторон зарæг ирон æвзагыл. Уый фæстæ ма æз ныффыстон цалдæр мæхи зарæджы æмæ сгуыхт артисткæ æмæ поэт Галуанты Людмилæйы ныхæстыл фыст зарджытæ, афтæ ма Къостайы æмдзæвгæ "Азар"-ыл", — загъта уый.

Сослан бафтыдта, кæй адарддæр кæндзæн фыссын зарджытæ мадæлон æвзагыл.

"Ис мæм Галуанты Людмилæйы æмдзæвгæты æмбырдгонд, кæцы бакæсын рæстæгæй рæстæгмæ. Ис гæнæн æмæ æввахс рæстæджы æмдзæвгæты рæнхъытæй райгуырой ног зарджытæ", — загъта Сослан.

Зындгонд ирон музыкант Хъуылымбегты Сослан Мæскуыйы æрбавдыста йæ альбом "Азар", цы ран ис 16 композици ирон æвзагыл – райгуырæн къуыммæ, сылгоймагмæ уарзондзинадыл æмæ хæлардзинадыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0