Думæйы банымадтой хорзыл Хуссар Иримæ дипломтæ банымайыны сразыдзинад

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæПаддзахадон Думæ
Паддзахадон Думæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сразыдзинад бафыст æрцыд 2017 азы апрелы, уый ахъаз уыдзæн бæстæты æхсæн ахуырад æмæ зонады къабæзты ахастыты размæцыдæн

ЦХИНВАЛ, 16 фев — Sputnik. Хæдбар паддзахæдты æмбалады (ХПӔ) хъуыддæгты, евразиаг интеграцийы æмæ æмзæххонтимæ бастдзинады фæдыл Паддзахадон Думæйы комитет радта рекомендаци сратификаци кæнын Хуссар Ирыстонимæ сразыдзинад кæрæдзи дипломтæ нымадмæ исыны фæдыл, хъусын кæны "Парламентская газета".

Будущие абитуриенты. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсе æмæ Хуссар Ир бадзырдтой кæрæдзи дипломтæ нымайыныл

"Сразыдзинад дзуапп дæтты Уæрæсейы домæнтæн уæрæсейаг ахуырады системæйы экспортон хъомыс фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаджы, афтæ ма уыдзæн ахъаз дыууæ бæстæты æхсæн ахуырадон æмгуыстад рауæрæхдæр кæнынæн", — хъусын кæны газет Уæрæсейы ахуырады министры хæдивæг Павел Зеньковичы ныхæстæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, сразыдзинады ратификаци ратдзæн фадат Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстонæн нымадмæ исын иумæйаг, астæуккаг, астæуккаг сæрмагонд æмæ уæлдæр ахуырады дипломтæ.

Сразыдзинад бафыстой Мæскуыйы 2017 азы апрелы Ахуырад æмæ зонады министр Ольга Васильева æмæ йæ коллегæ Хуссар Ирыстонæй Гасситы Натали. Уый ахъаз уыдзæн бæстæты æхсæн ахуырад æмæ зонады къабæзты ахастыты размæцыдæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0