Гӕджиты Асланӕн йӕ досье ауӕйгӕнӕг дӕлбулкъон фӕбаддзӕн фараст азы

© ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæОбвиняемый в зале суда
Обвиняемый в зале суда - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Саулохты Вадим, кӕцы 2013 азы уыд уӕлдай ахсджиагдӕр хъуыддӕгты фӕдыл уголовон агуырды разамонӕг, 100 мин долларӕй ауӕй кодта Гӕджиты Асланӕн йӕ досье, сбӕрӕг кодта фӕдагуырд

ЦХИНВАЛ, 23 май — Sputnik. Уӕрӕсейы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) уголовон агуырды раздӕры дӕлбулкъонӕн аиуварс кодтой йӕ апелляционон хъаст йӕ тӕрхоны фӕдыл, хъусын кӕны РИА Новости барадхъахъхъӕнӕг органты раздӕры кусӕджы адвокаты ныхӕстӕ.

Саулохты Вадимӕн Мӕскуыйы тӕрхондӕттӕй иу рахаста тӕрхон фарон ноябры.

Гӕджиты Асланы къорды уӕнгтыл тӕрхонимӕ разы не сты адвокаттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гӕджиты Асланы къорды уӕнгтыл тӕрхонимӕ разы не сты адвокаттӕ

Саулохты Вадимӕн ацух кодтой йӕ дӕлбулкъоны ном ӕмӕ йӕ фӕивар кодтой 16,4 миллион сомы. Куы йӕ рауадзой, уӕд ын нӕ уыдзӕн бар ӕртӕ аз кусын барадхъахъхъӕнӕг органты.

"Апелляционон хъасты ӕз куырдтон ӕркӕсын ногӕй тӕрхонмӕ ӕмӕ сраст кӕнын Саулохты Вадимы, фӕлӕ Мӕскуыйы тӕрхондон ныууагъта скъуыддзаг ӕнӕ ивдӕй", — загъта адвокат.

Афтӕ ма уый бафтыдта, кӕй фӕнд кӕны дарддӕр тӕрхоны фӕдыл хъаст кӕнын ӕмӕ кӕй цӕттӕ кӕндзӕн кассационон хъаст.

Прокурор домдта дӕлбулкъонӕн 12 аз иумӕйаг режимы ахӕстоны фӕбадын ӕмӕ гӕртамӕй 70 хатт фылдӕр ивар.

Ног хабӕртты лентӕ
0