Хуссар Ир ауӕй кодта "Газпром"-ӕн йӕ акцитӕ АӔ "Газпром – Хуссар Ирыстон"-ы

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ир ауӕй кодта "Газпром"-ӕн йӕ акцитӕ АӔ "Газпром – Хуссар Ирыстон"-ы
Хуссар Ир ауӕй кодта Газпром-ӕн йӕ акцитӕ АӔ Газпром – Хуссар Ирыстон-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бадзырдмӕ гӕсгӕ "Газпром" хъуамӕ сӕххӕст кӕна стыр инвестицитӕ Хуссар Ирыстоны газы хызты райрӕзты, афтӕ ма республикӕйы районтӕм газ бауадзыны фӕдыл дӕр

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауадтӕ бафыстой бадзырд "Акционерон ӕхсӕнад Газпром — Хуссар Ирыстоны акциты ауӕй кӕныны ӕмӕ йӕ дарддӕры архайды фӕдыл", хъусын кӕны республикӕйы президенты пресс-службӕ.

Документы бын къухфысттӕ ӕрӕвӕрдтой РХИ экономикон райрӕзты министр Кокойты Геннадий ӕмӕ Уӕрӕсейы энергетикӕйы министр Александр Новак.

Бибылты Анатолий Хуссар Иры делегацийы сӕргъ хайад райсдзӕн Петербурджы форумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий Хуссар Иры делегацийы сӕргъ хайад райсдзӕн ПӔЭФ-ы

Бадзырд бафыстӕуыд Петербурджы ӕхсӕнадӕмон экономикон форумы (ПӔЭФ) рӕстӕджы, Хуссар Ирыстоны делегацийы цур, кӕцыйы сӕргълӕууӕг у Бибылты Анатолий. Афтӕ ма бафысты уыд "Газпром"-ы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Валерия Голубева.

Бадзырдмӕ гӕсгӕ "Газпром" хъуамӕ сӕххӕст кӕна стыр инвестицитӕ Хуссар Ирыстоны газон хызты райрӕзты, афтӕ ма республикӕйы районтӕм газ бауадзыны фӕдыл дӕр.

Къухфысты размӕ Бибылты Анатолий ӕмӕ Александр Новак ӕрдзырдтой энергетикайы фадыджы ӕмгуыстадыл, афтӕ ма ӕруынаффӕ кодтой Хуссар Ирыстоны газификацийы ӕмгъуыдтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0