Сирийы радзырдтой Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы банымады аххосӕгты тыххӕй

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæВид на Дамаск с горы Кассион
Вид на Дамаск с горы Кассион - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сириаг Арабаг республикӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстон фехъусын кодтой кӕрӕдзи хӕдбардзинад банымайын ӕмӕ бӕстӕты ӕхсӕн минӕварадты ӕмвӕзадыл дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны тыххӕй 29 майы

ЦХИНВАЛ, 30 май — Sputnik. Сирийы парламенты арабаг ӕмӕ фӕсарӕйнаг бӕстӕты хсӕн ахастыты фӕдыл комитеты сӕргълӕууӕг Бутрус Маржан радзырдта интервьюйы Sputnik Абхазӕн, Сирийы рдыгӕй Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинады банымад кӕй у паддзахадон политикӕ "ауӕрӕх скӕсӕнмӕ"-йы хай.

"Уый у цыт бӕстӕтӕн, кӕцытӕ нын бирӕ ӕзты ӕххуыс кодтой террористы ныхмӕ хӕсты. Ацы къахдзӕф у политикӕ "ауӕрӕх скӕсӕнмӕ"-йы хай. Сирийы фӕнды скӕсӕйнаг бӕстӕтимӕ политикон ӕмӕ экономикон ахастытӕ райтынг кӕнын. Уый ныр у тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ ныгуылӕйнаг бӕстӕтӕ, сӕйраджыдӕр, АИШ сӕвӕрдтой Сирийыл экономикон санкцитӕ", — банысан кодта уый.

Депутат бафтыдта, дипломатон ахастытӕ минӕварадты ӕмвӕзадыл дзуапп кӕй дӕттынц ӕртӕ бӕстӕйы интерестӕн дӕр.

Дамаск - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны делегаци фӕнд кӕны Сиримӕ балц июны

Афтӕ ма Маржан загъта йӕ хъуыдытӕ, Гуырдзыстон кӕй фехӕлдта дипломатон ахастытӕ Сириимӕ, уый фӕдыл ӕмӕ банысан кодта, Сириаг Арабаг республикӕ кӕй никуы фехӕлдта дипломатон ахастытӕ никӕцы бӕстӕимӕ. Фӕлӕ Гуырдзыстон сӕхгӕдта йӕ минӕварад Сирийы, уымӕн ӕмӕ хайад исы Сирийы ныхмӕ сусӕгвӕнды, загъта Маржан.

"Сири фӕнд кӕны алкӕцы регионалон ӕмӕ дунейон фарста дӕр скъуыддзаг кӕнын сабырӕй. Абон уый йӕ къух дӕтты алы бӕстӕйӕн дӕр, кӕцы цӕттӕ у сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад сфидар кӕнынмӕ", — банысан кодта депутат.

Сириаг Арабаг республикӕ фехъусын кодта Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы хӕдбардзинад банымайыны тыххӕй 29 майы. Уый размӕ хуссарирыстойнаг республикӕйы хӕдбардзинад банымадтой Уӕрӕсе, Никарагуа, Венесуэла, Науру ӕмӕ Тувалу.

Ног хабӕртты лентӕ
0