Мутко слӕудзӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абахазимӕ ӕхсӕнхицауадон къамисы сӕргъ

© Sputnik / Anton DenisovВиталий Мутко
Виталий Мутко - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
УФ хицауады сӕрдары хӕдивӕг Виталий Мутко раивдзӕн ацы бынаты Александр Хлопонины

ЦХИНВАЛ, 5 июн — Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы хицауады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Виталий Муткойы сӕвӕрдтой Хуссар Ирыстон, Абхаз ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисы сӕргълӕууӕгӕй. Ахӕм уынаффӕ бафыста премьер-министр Дмитрий Медведев, хъусын кӕны РИА Новости.

"Сфидар кӕнын Уӕрӕсейы Федерацийы хицауады сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Виталий Муткойы Хуссар Ирыстон, Абхаз ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл ӕхсӕнхицауадон къамисы сӕргълӕууӕгӕй, ссӕрибар кӕнын йӕ хӕстӕй Александр Хлопонины", — дзырдӕуы документы.

Виталий Мутко ссис премьер-министры хӕдивӕг, УФ Президент Владимир Путин куы сфидар кодта хицауады ног сконд майы, уӕд. Виталий Муткомӕ хаудзӕнис ӕмгуыстад Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазимӕ, афтӕ ма цӕрӕнуат ӕмӕ горӕты проблемӕтӕ, арӕзтад ӕмӕ ЦКХ, цӕрӕнуатон политикӕ ӕмӕ регионты райтынгы фарстытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0