Гӕджиты Асланмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы цӕрӕнбонтӕм ахӕст

© Архивное фотоГӕджиты Аслан
Гӕджиты Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Криминалон авторитеты, кӕцыйы сэкстрадици кодтой Австрийӕ Уӕрӕсемӕ, азымджын кӕнынц уӕззау фыдракӕндты

ЦХИНВАЛ, 3 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы Фӕдагуырды комитет рахаста официалон тӕрхон криминалон авторитет Гӕджиты Асланӕн, кӕцымӕ гӕсгӕ уый цӕрӕнбонтӕм сбадын кӕндзысты ахӕстоны, хъусын кӕны Коммерсант. Егъау фыдгӕнон къорды раздзогы азымджын кӕнынц 60 амарды организацийы.

Гӕджиты Аслан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕддӕр ӕй радтой: Гӕджиты Асланы сэкстрадици кодтой Уӕрӕсемӕ

Рауагъд нысан кӕны, зӕгъгӕ, Цӕгат Кавказы Федералон зылды сӕйраг фӕдагуырды хайад рахаста тӕрхон Гӕджиты Асланӕн криминалон ӕхсӕнады организацийы ӕмӕ ӕхсай барӕй амарды тыххӕй. Коммерсанты информацимӕ гӕсгӕ, Гӕджиты Аслан нӕ басаст йӕ фыдракӕндтыл ӕмӕ не сразы раттын ӕвдисӕндзырд, цалынмӕ фӕдагуырды документтӕ фена, уӕдмӕ.

Фыдгӕнон организаци, кӕцыйы сарӕзта ӕмӕ йӕ сӕргъ слӕууыд Гуырдзыстоны райгуыргӕ Гӕджиты Аслан, райдыдта йӕ криминалон архайд 2004 азы ӕмӕ дзы уыд 50 хайадисӕджы. Фыдгӕнджыты амӕттаг фесты барадхъахъхъӕнӕн оргӕнты разамонджытӕ, хицауады кусджытӕ, зындгонд бизнесментӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕм. Фыдракӕндтӕ ӕххӕст кодтой Мӕскуы ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны.

Гӕджиты Асланы ӕрцахстой Австрийы 2015 азы, йӕ экстрадицийы процесс Уӕрӕсемӕ фӕцис ацы аз июны — криминалон авторитеты сӕрмагонд конвойы фӕсдзыдимӕ ӕркодтой Мӕскуымӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0