Зӕгъойты Алан радзырдта йӕ травмӕйы тыххӕй Дунейы чемпионаты рӕстӕджы

© Sputnik / Рамиль Ситдиков /  Ахизын медиабанкмæПолузащитник сборной РФ по футболу Алан Дзагоев
Полузащитник сборной РФ по футболу Алан Дзагоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зӕгъойты Алан травмӕ райста чемпионаты фыццаг хъазты рӕстӕджы, ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг радзырдта йӕ уыцы боны хъуыдыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 20 июл — Sputnik. Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд командӕ ӕмӕ мӕскуыйаг ЦСКА-йы ӕрдӕгхъахъхъӕнӕг Зӕгъойты Алан радзырдта йӕ травмӕ райсыны лыстӕгдзинӕдты тыххӕй футболы дунейы чемпионаты фыццаг хъазты рӕстӕджы Саудон Аравиимӕ. Ӕрдӕгхъахъхъӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый уайтагъд бамбӕрста, уӕззау травмӕ кӕй райста ӕмӕ ӕрмӕст дыууӕ къуырийы фӕстӕ кӕй сфидар уыдзӕн.

"Ӕз уайтагъд бамбӕрстон, уӕззау травмӕ кӕй райстон, уый тыххӕй ӕмӕ фыццаг хатт нӕ уыд. Ӕз ӕмбӕрстон, иууыл цъус мӕ дыууӕ къуыри кӕй хъӕуы, цӕмӕй сфидар уон ӕмӕ чысыл фадат ис хъастмӕ рахизынӕн", — фехъусын кодта РИА Новости Зӕгъойты Аланы ныхӕстӕ.

Зӕгъойты Алан травмӕ райста Уӕрӕсейы футболы дунейы чемпионаты фыццаг хъазты рӕстӕджы. Хъуыды кодтой, уый кӕй сфидар уыдзӕн плей-оффы райдайӕнмӕ, фӕлӕ Испаниимӕ хъазтмӕ нӕ рахызт. Хорватиимӕ хъазты та рахызт хъазтмӕ 102 минутыл ӕмӕ пенальтиты рӕстӕджы тынг хорз сӕххӕст кодта йӕ цӕф.

Ног хабӕртты лентӕ
0