Хуссар Иры минӕвӕрттӕ ауагътой Италийы Захарченкойы номарӕн акци

© Sputnik / Игорь Маслов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры минӕвӕрттӕ ауагътой Италийы Захарченкойы номарӕн акци
Хуссар Иры минӕвӕрттӕ ауагътой Италийы Захарченкойы номарӕн акци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акци уагъд ӕрцыд Дыккаг дунейон хӕсты фашистты къухтӕй фӕмардуӕвӕг италиаг партизанты цырты цур

ЦХИНВАЛ, 5 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) минӕварад Италийы ауагъта горӕт Пезаройы акци теракты фӕмардуӕвӕг Донецкы сӕргълӕууӕг Александр Захарченкойы ном арынӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны хуссарирыстойнаг ӕддагполитикон уагдоны пресс-службӕ.

Акци уагъд ӕрцыд Дыккаг дунейон хӕсты фашистты къухтӕй фӕмардуӕвӕг италиаг партизанты цырты цур, хъусын кӕны ФХМ.

© Пресс-служба МИД РЮО Хуссар Иры минӕвӕрттӕ ауагътой Италийы Захарченкойы номарӕн акци
Акция в Пезаро в память о главе ДНР А. Захарченко - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры минӕвӕрттӕ ауагътой Италийы Захарченкойы номарӕн акци

Донецкаг Адӕмон республикӕйы сӕргълӕууӕг фӕмард майрӕмбоны изӕры Донецкы центры кафе "Сепар"-ы срӕмыгъды фӕстиуӕгӕн. Фӕмард ма Захарченкойы хъахъхъӕнджытӕй иу. Донецкы хицауад срӕмыгъд банымадтой терактыл, ахст ӕрцыдысты цалдӕр зӕрдӕхсайгӕ адӕймаджы.

Хуссар Ирыстон 2014 азы банымадта ДАР ӕмӕ ЛАР хӕдбардзинад, республикӕтимӕ фидар ӕрцыдысты дипломатон ахастытӕ. Донецк ӕмӕ Луганскы кусынц Хуссар Ирыстоны минӕварадтӕ, Цхинвалы та — ДАР ӕмӕ ЛАР минӕварадтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0