Кавказы адæмты фестивалы архайы 40 ирон спортсмены

© Sputnik / Анна КабисоваКавказы адæмты фестиваль
Кавказы адæмты фестиваль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фестивалы фыццаг бон спортсментæ сæхи фæлварынц спорты 12 хуызы

ЦХИНВАЛ, 5 окт — Sputnik. Грозныйы йæ куыст райдыдта Кавказы адæмты культурæ æмæ спорты радон фестиваль. Гуырахстджын мадзалы архайы 40 спортсмены Ирыстонæй, хъусын кæны ПТРК "Алания".

Концерт государственного ансамбля Симд - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Хонгæ кафт" ссис цæгаткавказаг фестивалы хуыздæр номыр

Мадзал кадджын уавæры байгом кодта æмæ дзы архайдта УФ Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников. Уый раафæ кодта фестивалы архайджытæн æмæ сын йæ зæрдæ загъта стыр æнтыстдзинæдтæ.

"Цæгат Ирыстон фестивалы равдыста Национ музейы этнографион æрмæджытæй экспозици. Хаст æм æрцыдысты, кавказаг нывгæнджыты куыстытæ æмæ адæмон традицитæ ирдæй кæм зынынц, ахæм дзаумæттæ. Абон спортсментæ сæхи фæлварынц спорты 12 хуызæй", — дзырдæуы хъусинаджы.

Мадзал баст у Цæцæны сæйраг горæт Грозныйыл 200 азы сæххæстимæ.

Ивгъуыд аз Цæгат Ирыстоны æмбырдгонд бацахста фыццаг бынат Дзæуджыхъæуы ацæугæ Кавказы адæмты спорт æмæ культурæйы фестивалы. Ӕвзист майданы хицау ссис Дагестаны æмбырдгонд, æртыккаг бынат та бафтыд Мæхъæлы спортсменты къухты.

Ног хабӕртты лентӕ
0