Ирон богал рамбылдта дунейы чемпионат

© Министерство спорта РСО-АланияСидахъты Зауыр рамбылдта дунейы чемпионат
Сидахъты Зауыр рамбылдта дунейы чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сидахъты Зауыр финалмæ фæндагыл фæуалахиз олимпиаг чемпион Джордан Барроуз æмæ дунейы чемпион Франк Чамисойыл

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирон хъæбысхæцæг, Уæрæсейы æмбырдгонды уæнг, бæстæйы чемпион Сидахъты Зауыр рамбылдта дунейы чемпионат Будапешты. Ирон богал ссис дунейы уæлахиздзау 74 кг уæзы. Комкоммæ трансляци уагъта Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты сайт.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæрæсейы хуыздæр богалтæ сæ уæлахизтæ снывонд кæндзысты Къудухты Бесикæн

Финалы Сидахъты Зауыр гуырдзиаг хъæбысхæцæг Автандил Кенчадзейы рамбылдта 2:2 хыгъдæй фæстаг размæбырсты гъæдæй.

"Рохст, æз дунейы чемпион", — ныффыста йæ фарсыл Сидахъты Зауыр.

Сидахъты Зауыры сыгъзæрин майдан ссис фыццаг Уæрæсейаг æмбырдгондæн. Ирон богал финалмæ фæндагыл фæуæлахиз олимпиаг чемпион Джордан Барроуз æмæ дунейы чемпион Франк Чамисойыл.

Дунейон ерыстæ райдыдтой Будапешты 20 октябры. Уæрæсейы тырысайы бын архайынц 10 богалы, се ʻхсæн дыууæ ироны — Сидахъты Зауыр (74 кг) æмæ Цæкулаты Батырбег (92кг).

Ног хабӕртты лентӕ
0