Цæгат Иры сæргълæууæг загъта азымджынты "Электроцинк"-ы зынгирвæзты

© bitarov_vzВячеслав Битаров на заводе "Электроцинк"
Вячеслав Битаров на заводе Электроцинк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгирвæзт æрцыд хуыцаубоны æхсæв, райдайæны арт аххæссыд 500 кв метрыл, фæлæ стæй йæ тыгъдад схызт 4,5 мин квадратон метры онг

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik. Завод "Электроцинк"-ы æрцæугæ бæллæхы тыххæй бæрндзинад ис заводы разамынад æмæ цæстдарды органтыл, фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав.

Зынгирвæзт æрцыд хуыцаубоны æхсæв, райдайæны арт аххæссыд 500 кв метрыл, фæлæ стæй йæ тыгъдад схызт 4,5 мин квадратон метры онг. Зынгирвæзты фæмард иу зынгфæдисон, дыууæ та райстой цæфтæ.

"Заводы администраци йæхимæ райста бæрндзинад республикæйы цæрджытæн æдас уавæртæ скæнын. Ацы хъуыддагыл куыст цыд, фæлæ сæ хæстыл нæ фæтых сты æмæ уый æркодта бæллæх фæстиуджытæм. Ныридæгæн уагдоны куыст æрлæууын кодтой", — ныффыста йæ фарсыл Instagram-ы Битарты Вячеслав.

Хуссар Иры УУМ хуыцаубоны фехъусын кодта, цæттæ кæй сты цæгатирыстойнаг коллегæтæн алыварсон æххуыс бакæнын.

"Электроцинк" — Уæрæсейы хуызджын металлургийы стырдæр амалиуæгад, Цæгат Ирыстоны стырдæр сæудæджерадон объект. Заводы территори у 70,2 гектары.

Ног хабӕртты лентӕ
0